Цхинвалы иу ӕхсӕвмӕ ахицӕн кӕндзысты дон

© Sputnik / Eugene Odinokov /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы иу ӕхсӕвмӕ ахицӕн кӕндзысты дон
Цхинвалы иу ӕхсӕвмӕ ахицӕн кӕндзысты дон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Доны ахицӕн баст у магистралон доны хаххыл техникон куыстытӕ ауадынимӕ

ЦХИНВАЛ, 7 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕ баззайдзӕн ӕнӕ донӕй дыццӕгӕй ӕртыццӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Доны хӕтӕл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанаты доны хӕтӕл: Цхинвалы кӕцы проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн уый

Уый банысан кодта, доны ахицӕн баст кӕй у магистралон хаххыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ауадзынимӕ.

"Кӕд къӕвда уардзӕн, уӕд цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ дон нӕ ахицӕн кӕндзысты", - банысан кодта Коцты Зӕринӕ.

Цхинвал донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хахмæ дон цæуы цыппар къалиуæй, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Баиу сæ кæнынц зымæгон рæстæг, цъититæ куы ныссæлынц æмæ зæххы бын уый бæрц куы нал вæййы дон. Фæлæ уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын.

Проблемӕ хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна доны хӕтӕл – Уанат-Цхинвал, кӕцыйы арӕзтад бахастой 2018-2019 ӕзты инвестицон программӕмӕ. Программӕйы объектӕн рахицӕн кодтой 400 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0