ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik. Советон космонавт Алексей Леонов амард 86-аздзыдӕй, хъусын кӕны майрӕмбоны РИА Новости Гагарины номыл космонавтты цӕттӕкӕнынады центрыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Алексей Леонов райгуырд 1934 азы 30 майы Листвянкайы хъӕуы. Фӕцис 10-ӕм Ӕфсӕддон авиацион скъола Кременчугы ӕмӕ Чугуевскы ӕфсӕддон авиацион ахуыргӕнӕндон. 1960 азы йӕ бакодтой советон комонавтты фыццаг къордмӕ.
1965 азы марты Леонов ссис фыццаг адӕймаг, кӕцы рахызт гом космосмӕ. Уый гом космосы уыд 12 минуты, куы ӕрбаздӕхт, уӕд та бахаудта ӕнӕштатон уавӕры, фӕлӕ уӕддӕр сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрд.
1971 азы Леонов хъуамӕ бацыдаит фыццаг орбиталон станц "Салют"-ы экипажмӕ, фӕлӕ йӕ коллегӕ Валерий Кубасов фӕрынчын ӕмӕ станцмӕ арвыстой Георгий Добровольский, Владислав Волков ӕмӕ Виктор Пацаевы. Зӕххмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд уыдон амард сты "Союз-11" науы фехӕлды фӕстиуӕгӕн.
1975 азы Алексей Леонов хайад иста зындгонд атахты "Союз — Аполлон" программӕмӕ гӕсгӕ.