ЦХИНВАЛ, 11 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыдысты ӕнӕлегалон таксистты фӕдыл рейдтӕ экономикон фыдракӕндтимӕ тох кӕныны хайад ӕмӕ хъалонты фӕдыл комитеты кусджыты хайадистӕй, фехъусын кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.
Республикӕйы фӕстаг ӕзты байгом ис таксийы фондз фирмӕйы. Фӕлӕ таксистты фылдӕр хай кусынц сӕрмагондӕй. Уыдонӕй ӕрмӕстдӕр сӕ чысыл хай кӕны официалон куыст. Цыппӕрӕмы ӕнӕлегалон таксистты бафӕдзӕхстой, хъалонтӕ куы нӕ фидой, уӕд сӕ кӕй фӕивар кӕндзысты.
Лицензиты фӕдыл хайад радта таксисттӕн рӕстӕг 14 октябрьмӕ, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной сӕ документтӕ.
"Экономикон фыдракӕндтимӕ тох кӕныны хайад, Паддзахадон автоинспекци, лицензиты хайад ӕмӕ хъалонты фӕдыл комитеты кусджытӕ ауагътой рейдон мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной такситы шофырты, кӕцытӕм нӕй лицензитӕ", - радзырдта МХМ минӕвар.
Рейдты рӕстӕджы ацы уагдӕтты минӕвӕртты басгӕрстой 30 таксийӕ фылдӕр. Уыдонӕй ӕрмӕстдӕр ӕхсӕзмӕ уыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ. Аннӕты бафдзӕхстой ӕмӕ сын бамбарын кодтой, куыд хъӕуы райсын документтӕ.
"Таксист хъуамӕ слӕууа хыгъды хъалонты фӕдыл комитеты, райса лицензи ӕртӕ азмӕ, бафида 880 сомы ӕмӕ ноджы ӕрвылмӕй фида хъалон 450 сомы бӕрц", - банысан кодтой МХМ.
Таксисттӕ фидарӕй загътой, кӕй райсдзысты документтӕ ӕввахс рӕстӕджы. Бирӕтӕ та не сразы фидын ӕртӕ азӕн, уымӕн ӕмӕ таксийы кусынц рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ, фидын та хъӕуы иудадзыг.
"Ног къуырийӕ шофырты ныхмӕ, кӕцытӕ кусынц ӕнӕлегалонӕй, араздзысты административон протоколтӕ ӕмӕ сӕ ӕрвитдзысты тӕрхондонмӕ. Таксист лицензи куы нӕ райса, уӕд бафиддзӕн цалдӕр ивары, кӕцыты иумӕйаг суммӕ хӕццӕ кӕны 15 мин сомы онг", - хъусын кӕны пресс-службӕ экономикон фыдракӕндтимӕ тохы фӕдыл хайады кусӕг Гаглойты Иваны ныхӕстӕ.
Хуссар Ирыстоны хъалонон уагдоны кусӕг Цхуырбаты Вадим банысан кодта, таксисттӕ ныридӕгӕн кӕй райдыдтой аразын сӕ документтӕ. Рейдты фӕстиуӕгӕн шофырты 50-60 проценты слӕууыдысты хыгъды хъалонты фӕдыл комитеты ӕмӕ райстой лицензитӕ.