Цыппар хуссарирыстойнаг боксеры рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир

© facebook/Хаситы ВладиславЦыппар боксер Хуссар Ирæй рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир
Цыппар боксер Хуссар Ирæй рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды расгуыхтысты Гӕджиты Гурам, Кокойты Аслан, Джиоты Арсен ӕмӕ Гуыцмӕзты Георгий

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксерты командӕйӕ цыппар лӕппуйы рамбылдтой сызгъӕрин майдантӕ Гасситы Мурӕты призтыл II гом регионалон турниры, фехъусын кодта Sputnik спорты галуан "Олимп"-ы хистӕр тренер Хаситы Владислав.

Къорд конд уыд Хуссар Иры Боксы скъола ӕмӕ спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгӕнинæгтӕй. Командӕйы сконды расгуыхтысты Гӕджиты Гурам, Кокойты Аслан, Джиоты Арсен ӕмӕ Гуыцмӕзты Георгий.

© facebook/Хаситы ВладиславХуссар Ирыстоны боксерты командӕйӕ цыппар лӕппуйы рамбылдтой сызгъӕрин майдантӕ Гасситы Мурӕты
Цыппар хуссарирыстойнаг боксеры рамбылдтой Гасситы Мурӕты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны боксерты командӕйӕ цыппар лӕппуйы рамбылдтой сызгъӕрин майдантӕ Гасситы Мурӕты
"Турниры архайдтой Ирыстоны хуссары ӕмӕ цӕгаты боксертӕ. Нӕ хъомылгӕнинæгтӕй дыууӕ - Джиоты Арсен ӕмӕ Гуыцмӕзты Георгий схызтысты пьедесталы фыццаг къӕпхӕнмӕ. Ахӕм ӕнтыст бафтыд Дзигойты Ацӕмӕзы ахуыргӕнинаг Гӕджиты Гурамы къухы дæр. Цыппӕрӕм сызгъӕрин майдан рамбылдта Кокойты Мурӕты хъомылгӕнинаг Кокойты Аслан", - загъта Хаситы Владислав.

Гасситы Мурӕты призтыл II гом регионалон турнир цыд Дзӕуджыхъуы спорткомплекс "Динамо"-йы 2004-2005 ӕзы гуырд чызджыты ӕмӕ лӕппуты 'хсӕн 11-13 октябрты.

Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды уыд 10 боксеры.

Ног хабӕртты лентӕ
0