ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрезы куыстыты равдыст байгом уыдзæн Паддзахадон драмон театры фойейы цыппæрæмы. Мадзалы фидыц суыдзысты национ литературæйы ахадгæ уацмыс "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йы темæйыл фыст нывтæ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.
Равдыст байгом уыдзæн 17 октябры, "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йы премьерон равдысты агъоммæ.
"Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрез спектакль "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йы бакуыста сценографæй. Йæ куыстыты равдыстимæ базонгæ кæныны фадат уыдзæн театры уазджытæн. Экспозицийы централон хай уыдзæн тетралоги – цыппар куысты, кæцыты иу кæны "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йы темæ", - загътой пресс-службæйы.
Равдыстмæ рахастой нывгæнæджы куыстытæй 30 бæрц.
Чилæхсаты Магрез райгуырд Дзауы районы Чеселты хъæуы. У Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмон нывгæнæг, Станиславскийы номыл премийы лауреат.
Йæ куыстытæ фенæн ис Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы, Омскы, Киевы музейты, афтæ ма хицæн адæмы коллекциты Европæйы бирæ горæтты.