Вандалтӕ асастой Хуссар Иры ФХМ офисы табличкӕ Римы

© Пресс-служба МИД РЮО Вандалтӕ ныппырх кодтой Хуссар Иры ФХМ офисы табличкӕ Римы
Вандалтӕ ныппырх кодтой Хуссар Иры ФХМ офисы табличкӕ Римы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цау ӕрцыд къуырисӕры ӕхсӕвы. ФХМ официалон минӕвар банысан кодта, фыдгӕнджытӕ гӕнӕн ис кӕй уыдаиккой гуырдзиӕгтӕ

ЦХИНВАЛ, 17 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) фехъусын кодта вандализмы акты тыххӕй уагдоны минӕварады ныхмӕ Римы.

"14 октябры ӕхсӕвы фыдгӕнджытӕ, кӕцытӕ гӕнӕн ис уыдаиккой гуырдзиӕгтӕ, сарӕзтой вандализмы акт Хуссар Ирыстоны ФХМ офисы Римы. ФХМ минӕварады бӕстыхайы разуындыл вандалтӕ асастой авг ӕмӕ систой Хуссар Ирыстоны паддзахадон символтимӕ табличкӕ", - хъусын кӕны ФХМ пресс-службӕ уагдоны официалон минӕвар Римы Мауро Мурджийы ныхӕстӕ.
 Рим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕрсидт Италимӕ банымайын республикӕйы хӕдбардзинад

Уагдоны банысан кодтой, ӕппӕт дунейы ахӕм архӕйдтытӕ кӕй зылын кӕнынц. Афтӕ ма ФХМ фидарӕй загъта, римаг минӕварад нӕ дзуапп кӕны ахӕм провокацитӕн, уымӕн ӕмӕ уыдоны руаджы Италийы дарддӕры куыст активизаци кӕны.

Минӕварады ног табличкӕ ӕвӕрыны церемони ацӕудзӕн 26 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0