Хуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады

© Фото из архива тренера В. СозаеваХуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады
Хуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕм раразмӕ кодтой Хуссар Ирӕй Дудайты Доннӕ, Гаглойты Диана, Тадтаты Софья ӕмӕ Георгий Полищукы

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры спортсменты къорд цыппар адӕймаджы скондæй стох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады Кекусин-кан каратэйӕ. Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ фидар ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд ерысты уӕлахиздзаутӕй ӕмӕ ӕвзист призертӕй, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созаты Владимир.

Турнирмӕ раразмӕ кодтой Хуссар Ирӕй Дудайты Доннӕ, Гаглойты Диана, Тадтаты Софья ӕмӕ Георгий Полищукы.

"Бӕрзонд ӕмвӕзады ерысты нӕ командӕйы уӕнгтӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы спортивон амонд. Рагзагъд нӕ уарзын, фӕлӕ ӕртӕ чызг дӕр сты хорз цӕттӕ физикон, психологон ӕгъдауӕй, иттӕг хорз арӕхстджын сты спортивон ӕгъдауӕй. Ӕртӕ дӕр хъуамӕ уой майдантимӕ, цы аргъы уый та фендзыстӕм", - загъта Созайты Владимир.

25-28 октябры Ульяновскы цæудзæн Уæрæсейы фыццагад. Ам майдантыл тохӕй дарддӕр фӕсивӕд тырндзысты Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды скондмӕ  бахауыныл. Дудайты Донна æмæ Гаглойты Диана ивгъуыд азы ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды, ныр та сæ ногæй иннæ спортсменты æмрæнхъ хъæуы сæ класс сбæлвырд кæнын.

© Фото из архива тренера В. СозаеваХуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады
Хуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Хуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады
© Фото из архива тренера В. Созаева Дудайты Доннӕ
 Дудайты Доннӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Дудайты Доннӕ
© Фото из архива тренера В. СозаеваГаглойты Диана
Гаглойты Диана  - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Гаглойты Диана
© Фото из архива тренера В. СозаеваТадтаты Софья
Тадтаты Софья   - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Тадтаты Софья
1/4
Хуссар Иры каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады
2/4
Дудайты Доннӕ
3/4
Гаглойты Диана
4/4
Тадтаты Софья
Ног хабӕртты лентӕ
0