Хуссар Иры связистты схорзӕхджын кодтой се ʻнусон юбилейы цытӕн

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры связистты схорзӕхджын кодтой се ʻнусон юбилейы цытӕн
Хуссар Иры связистты схорзӕхджын кодтой се ʻнусон юбилейы цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бафыссын
НовостиTelegram
Хуыцаубоны бастдзинады кусджытӕ нысан кодтой ССРЦ бастдзинӕдты ӕфсӕдты сӕвзӕрдыл 100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон. Уыдоны схорзӕхджын кодтой Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады уагдонон хорзӕхтӕй

ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон бастдзинады кусджытӕ тагъд рӕстӕджы райсдзысты ныры сӕрмагонд фӕрӕзтӕ ӕмӕ техникӕ, уый фӕдыл уыдон рахиздзысты ног ӕмвӕзадмӕ, фехъусын кодта республикӕйы хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим.

Хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй министр схорзӕхджын кодта бастдзинады кусджыты сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн, кӕцы ӕрвылаз нысан кӕнынц 20 октябры. Ацы аз датӕ у юбилейон – 100 азы сӕххӕст Советон Цӕдисы Гарзджын тыхты бастдзинӕдты ӕфсӕдтыл.

"Хъӕуы смодернизаци кӕнын дӕлхайады архайд. Тагъд рӕстӕджы сымах райсдзыстут ныры сӕрмагонд фӕрӕзтӕ ӕмӕ техникӕ – уый фӕдыл уӕ службӕ рахиздзӕн бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ", - загъта Гассеты Ибрагим.

Афтӕ ма бастдзинады кусджытӕн раарфӕ кодтой республикӕйы ӕндӕр тыхон структурӕтӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы минӕвӕрттӕ.

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Ирыстоны ӕфсӕддон бастдзинӕдты кусджыты хорзӕхкӕныны церемони
Хуссар Иры связистты схорзӕхджын кодтой се ʻнусон юбилейы цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон бастдзинӕдты кусджыты хорзӕхкӕныны церемони
Ног хабӕртты лентӕ
0