Къуаисайы Джиуæргуыбайы бонтæм сарæзтой фæндаг Уастырджыйы кувæндонмæ

Рафыссын
Ноябры Къуыдаргомы дæр банысан кæндзысты Уастырджийы кувæн бонтæ, горæты цæрджытæ фылдæр бæрцæй сæхи фæдзæхсынмæ фæцæуынц Къуаисайы Уастырджийы кувæндонмæ

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Горæт Къуаисайы цæрæн-коммуналон службæйы кусджытæ сарæзтой фæндаг горæты сæрмæ æвæрд Уастырджийы кувæндонмæ. Æртæ километры дæргъæн фæндаг арæзт æрцыд Джиуæргуыбайы кувæн къуыримæ, фехъусын кодтой Sputnik службæйы хистæр Хуыгаты Алан.

Фæндаг тæрккъæвдатæ æмæ митуардты фæстиуæгæн æрцыд æдзæллаг уавæрмæ.

"Ноябры, куыд æппæт Ирыстоны, афтæ Къуыдаргомы дæр банысан кæндзысты Джиуæргуыбатæ. Къуаисайы Уастырджийы кувæндон æвæрд у горæты сæрмæ æртæ километры дæрддзæф, уырдæм цы фæндаг кодта, уый уыд æвзæр уавæры æмæ йæ сцалцæг кодтам бæрæгбонмæ", - загъта Хуыгаты Алан.

Ноябры Къуыдаргомы дæр банысан кæндзысты Уастырджийы кувæн бонтæ, горæты цæрджытæ фылдæр бæрцæй сæхи фæдзæхсынмæ фæцæуынц Къуаисайы Уастырджийы кувæндонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0