Хуссар Ир бавдисдзӕн йӕ базайрӕгтӕ инвестфорумы Донецкы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир бавдисдзӕн йӕ базайрӕгтӕ инвестфорумы Донецкы
Хуссар Ир бавдисдзӕн йӕ базайрӕгтӕ инвестфорумы Донецкы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форумы, кӕцы ацӕудзӕн октябры кӕрӕтты, республикӕ бавдисдзӕн алыгъуызон фыдыбӕстон продукци

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзӕн Ӕхсӕнадӕмон инвестицион форумы куысты, кӕцы ацӕудзӕн Донецкы 29-30 октябры, фехъусын кодта РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Балцы фӕстиуджытӕ: Сирийы базайрӕгтӕ фӕзындзысты Хуссар Иры

Делегацийы минӕвар, Хуссар Ирыстоны вице-премьер Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, форумы фӕзуаттыл ӕрныхас кӕндзысты Цхинвал ӕмӕ Донецкы дыууӕварсон базарадон-экономикон ӕмгуыстады райрӕзты фарстытыл.

"Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады ӕддагполитикон курс здӕхт у хӕларадон бӕстимӕ ӕмгуыстад рауӕрӕх кӕнынмӕ, сӕ нымӕцы ӕфсымӕрон Донецкы адӕмон республикӕ дӕр. Махӕн райтынг ис ӕмархайд экономикон фадыджы ӕмӕ ӕндӕр здӕхтты. Инвестфорум дӕтты фадӕттӕ ахастыты дарддӕры райрӕзтӕн, афтӕ ма хуссарирыстойнаг туристон ӕмӕ сӕудӕджерадон сегментты потенциал бавдисынӕн", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.

Форумы хайад райсдзысты бизнес-ассоциацитӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджыты минӕвӕрттӕ АИШ, Евроцӕдис, Сири, дард ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй, сӕ нымӕцы Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Абхазӕй. Форумы хайад райсдзысты политикон ӕмӕ кусӕгон элитӕты 500 минӕварӕй фылдӕр алыгъуызон бӕстӕтӕй, кусдзӕн дзы ӕхсӕз фӕзуаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0