Фыццаг хатт Эрмитажы: ФХМ сæргълæууæг "Ирыстоны бонты" тыххæй Петербурджы

© Sputnik / Алексей ДаничевЭрмитаж
Эрмитаж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн дыууæварсон ахастытæн бындур æвæрд æрцыд 270 азы размæ, банысан кодта республикæйы æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг

ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik, Гæбæраты Элина. Санкт-Петербурджы райдыдтой "Ирыстоны культурæйы бонтæ", кæцытæ нывонд сты Уæрæсейы фыццаг ирон минæварады 270-азон юбилейæн. Мадзæлтты хайад исы Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Петербурджы мадзæлтты тыххæй Sputnik бæстондæрæй радзырдта РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр (ФХМ) Медойты Дмитрий.

"Знон байгом ис Ирыстоны цæгаттаг æмæ хуссайраг нывгæнджыты равдыст, уырдæм æрбацыдысты не 'мбæстагонтæ, кæцытæ цæрынц Петербурджы. Равдысты байгомы фæдыл цытджын церемонийы раныхас кодта Бибылты Анатолий, Цæгат Иры парламенты сæрдар Алексей Мачнев, афтæ бынæттон хицауады минæвæрттæ. Уыд ма дзы диссаджы концерт дæр", - банысан кодта министр.

Уый фехъусын кодта, бæрæгбонон мадзæлттæ кæй адарддæр уыдзысты цыппæрæмы Эрмитажы.

Санкт-Петербург - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны бонтӕ Петербурджы: куыд банысан кӕндзысты фыццаг ирон минӕварады 270-азон юбилей

Медойты Дмитрий ма бахахх кодта, ацы бæрæгбон кæй у стыр цау куыд Ирыстонæн, афтæ Уæрæсейæн дæр.

"Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн дыууæварсон ахастытæн бындур æвæрд æрцыд растдæр 270 азы размæ. 2008 азы, нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайгæйæ, уыцы ахастытæ схызтысты æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæм", - банысан кодта республикæйы æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг.

Министр ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæй кæны дыууæ бæстæйы хсæн ахастытæн æмæ сæ фæнд кæны дарддæр фидардæр æмæ арфдæр кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0