Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет
Президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргӕнӕндоны ректор банысан кодта, цӕттӕ кӕй у сорганизаци кӕнын хуссарирыстойнаг студентты ахуыр ӕмӕ равдыста ныфс, республикӕимӕ ӕмархайд кӕй адарддӕр кӕндзысты

ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци бабӕрӕг кодта Герцены номыл Уӕрӕсейаг паддзахадон педагогон университет, кӕцыйӕн бындур ӕрӕвӕрдтой 1787 азы, уый у Европӕйы иууыл рагондӕр педагогон университет. Афтӕ ма президент Бибылты Анатолий ауагъта фембӕлд ахуыргӕнӕндоны ректор Сергей Богдановимӕ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет
Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет

Делегаци бабӕрӕг кодта граф Разумовскийы галуан ӕмӕ галуанон тетатр, кӕцытӕ сты университеты комплексы. Уазджытӕн Хуссар Ирыстонӕй университеты библиотекӕйы историкон хайы равдыстой чингуыты коллекци, кӕцытӕ нывонд сты Ирыстонӕн, се хсӕн сты XVII ӕнусы чингуытӕ фӕсарӕйнаг историкты балцты тыххӕй Ирыстонмӕ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет
Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет

Бибылты Анатолий загъта бузныг ректор ӕмӕ йӕ коллегӕтӕн историмӕ экскурс ӕмӕ библиотекон фонд бавӕрыны тыххӕй.

"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын Дӕ коллегӕтӕн, кӕцытӕ нын ауагътой ахӕм цымыдисон экскурси. Тынг ӕхсызгон уыд фенын чингуытӕ, кӕцытӕ баст сты Ирыстонимӕ, базонгӕ уын фӕсарӕйнаг ахуыргондты куыстытимӕ Ирыстоны историйы фӕдыл", - загъта Бибылты Анатолий.

Университеты ректор Сергей Богданов радзырдта ахуыргӕнӕндоны здӕхттӕ ӕмӕ фадӕтты тыххӕй, афтӕ ма банысан кодта йӕ цӕттӕдзинад ӕмгуыстадмӕ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет
Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет

Ӕмгуыстады фӕдыл президент банысан кодта, кӕй ис фадӕттӕ бафыссын бадзырд ӕмӕ сфидар кӕнын ӕмархайд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимӕ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет
Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Герцены номыл университет

Президент ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегаци ӕрцыдысты Санкт-Петербургмӕ "Ирыстоны культурӕйы бонты" бӕрӕгбоны фӕлгӕтты, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0