ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Анахарсисы номыл библиотекӕйы ацыд конференци "Куыд хъӕуы райсын уазӕджы". Конференци уагъд цыд Ирон ӕгъдӕутты мадзӕлтты циклы фӕлгӕтты, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы культурӕйы министрады пресс-службӕйы.
Мадзалы рӕстӕджы ӕрдзырдтой ирон адӕмы уазӕгуарзондзинады ӕгъдауыл, кӕцы алы ирон адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕны ӕнӕ уӕлвӕтктӕй. Уазӕджы афтӕ хорз райсгӕйӕ, ирон ӕрмӕст йӕ хӕслӕвӕрд не 'ххӕст кодта, фӕлӕ ма хъахъхъӕдта йӕ адӕмы кад ӕндӕр нацитӕ ӕмӕ бӕстӕты минӕвӕртты раз.
Конференцийы докладтимӕ ралӕууыдысты Хуссар Ирыстоны зындгонд историк Джиоты Мурӕт, ХИПУ Историйы кафедрӕйы доцент Кокойты Аза, ӕхсӕзӕм скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Цхуырбаты Луиза.