Леонид Пасечник: Зеленский сарӕзта Порошенкойӕ цъусдӕр

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæЛеонид Пасечник
Леонид Пасечник  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Луганскы адӕмон республикӕйы сӕргълӕууӕг радзырдта Владимир Зеленскийы куырдиӕтты тыххӕй Донбассы хӕст ӕруромын ӕмӕ уацайрӕгты баивыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Фӕстаг рӕстӕджы официалон Киев сарӕзта куырдиӕттӕ Донбассы хӕст ӕруромыны фӕдыл. Интервьюйы РИА Новости Луганскы адӕмон республикӕйы сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник радзырдта, куыд банкъардтой республикӕйы Киевы куырдиатыл.

Денис Пушилин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Денис Пушилин: Киевы куырдиат ДАР ӕмӕ ЛАР ныппырхы фӕдыл у абсурдон

"Ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн Владимир Зеленский хъуамӕ радта йӕ тыхтӕ иууылдӕр. Зеленский ӕмӕ йӕ командӕ ныридӕгӕн радтой бирӕ дзырдлӕвӕрдтӕ, фӕлӕ аразгӕ скодтой нырма Порошенкойӕ цъусдӕр, уый та хорзӕй ницы сарӕзта. Украинайы хъӕуы ӕххӕст кӕнын Минскы форматы мадзӕлттӕ, ӕмӕ уӕд Донбассы уыдзӕн сабырдзинад", - банысан кодта ЛАР сӕргълӕууӕг.

Афтӕ ма Леонид Пасечник радзырдта уацайрӕгты баивыны тыххӕй.

"Амнисти у Минскы бадзырдты пункттӕй иу. Ӕмӕ уый фӕдыл ацы документ хъуамӕ ӕххӕст кӕной баныхасы процессы архайджытӕ иууылдӕр", - радзырдта уый.

Уымӕй дарддӕр ЛАР сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, абоны бон республикӕйы 30 мин цӕрӕгӕй фылдӕр райстой Уӕрӕсейы Федерацийы паспорттӕ, ноджы ма 50 мин адӕймаджы та бадӕттой паспорт райсыны фӕдыл документтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0