ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад расидт литературон конкурс "Иудзинад поэзийы" социалон хызӕг Facebook-ы уагдоны группӕйы бындурыл.
Министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй конкурсы хайад райсыны тыххӕй хъуамӕ уай Facebook-ы уагдоны группӕйы ӕмӕ ныффыссай ӕмдзӕвгӕ ахӕм темӕйыл "Адӕмы иудзинады бон" ирон кӕнӕ уырыссаг ӕвзагыл. Куыстытӕ исдзысты 29 октябрӕй 5 ноябры онг.
Хуыздӕр куыстытӕ равзардзӕн экспертон къамис 6-8 ноябры, уый фӕстӕ сӕ ныммыхуыр кӕндзысты группӕйы, цӕмӕй сын интернетӕй пайдагӕнджытӕ схъӕлӕс кӕной.
Куыстытӕ арвитӕн ис электронон почтӕмӕ itmkruo@yandex.ru, науӕд та ахӕм адресыл: Цхинвал, Харебаты Исахъхъы уынг, 51 хӕдзар (Анахарсисы номыл библиотекӕ).
Мадзал уагъд цӕуы литературон сфӕлдыстады популяризацийы нысанӕн, курдиатджын фӕсивӕды рафӕлгъауынӕн ӕмӕ патриотикон хъомылад, поэзимӕ ӕрбангом кӕнынӕн.