Уӕрӕсейы адӕмон иудзинады бон: куыд сӕмбӕлдзысты бӕрӕгбоныл Цхинвалы

© Наталья АйриянХуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбоны цытӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн концерт уӕрӕсейаг артисттӕ ӕмӕ балет "Фестиваль"-ы хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Октябры фӕстаг бон киноконцертон зал "Чермен"-ы ацӕудзӕн концерт Уӕрӕсейӕ ӕрхонгӕ артисттӕ ӕмӕ балет "Фестиваль"-ы хайадистӕй, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минӕварады къухдариуӕггӕнӕг Сергей Скворцов.

Этнографион диктант ацӕудзӕн Цхинвалы Уӕрӕсейы паддзахадон бӕрӕгбоны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Этнографион диктант ацӕудзӕн Цхинвалы Уӕрӕсейы паддзахадон бӕрӕгбоны цытӕн

"Фыццӕгӕм ноябры уыцы сфӕлдыстадон коллектив ралӕудзӕн Ленингоры дӕр", - бафтыдта Скворцов.

Уымӕй дарддӕр ма цхинвайлаг кафе "Оазис"-ы бӕрӕгбоны цытӕн уагъд ӕрцӕудзӕн цытдзын мадзал паддзахады къухдариуӕгады хайадистӕй.

Бӕрӕгбоны культурон хай та адарддӕр кӕндзысты республикӕйы культурӕйы ӕмӕ ахуырады министрӕдтӕ. 

Культурӕйы министр Зассеты Жанна куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй столицӕйы ацӕудзӕн поэзийы стыр бӕрӕгбон гом фӕзуатыл. Ахуырады министрад та хъусын кӕны, бӕрӕгбоны агъоммӕ бонты скъолаты ахуыргӕнджытӕ кӕй ауадздзысты лекцитӕ бӕрӕгбоны историйы тыхӕй.

Адӕмон иудзинады бон у Уӕрӕсейы паддзахадон бӕрӕгбон. Уый сфидар кодтой 2005 азы  Польшайы интервенцийӕ 1612 азы Мӕскуы ссӕрибар кӕныны цытӕн. Хӕдӕфсад Кузьма Минин ӕмӕ Дмитрий Пожарскийы сӕргълӕудӕй штурмӕй систа Китай-горӕт.

Ног хабӕртты лентӕ
0