Ӕнтыстджын политикты куырдадз: Фæскомцæдисыл сæххæст 101 азы

© Sputnik / Юрий Долягин /  Ахизын медиабанкмæКомсомол
Комсомол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæскомцæдисонты ном абон дæр хæссы столицæйы уынгæй иу, комсомолы номыл цæуынц спортивон ерыстæ, уый уылты сæ фæндаг стыр политикæмæ райдыдтой Хуссар Иры ирд гоймæгтæ Хуыбылты Валерий, Хъуылымбегты Торез, Кокойты Эдурад, Санахъоты Феликс, Хъуылмбегты Доменти æмæ æндæртæ

ЦХИНВАЛ, 29 — Sputnik, Плиты Фатимæ. Фæскомцæдисонты бон дыццæджы, 29 октябры нысан кæнынц раздæры Советон цæдисы республикæты. Советон системæйы хуызæджы нывыл фæсивæдон организаци абон дæр нымад цæуы иууыл хуыздæрыл. Ам сæ балц стыр политикæмæ райдыдтой Хуссар Иры зындгонд гоймæгтæ дæр.

Фæскомцæдисонты ном абон дæр хæссы республикæйы столицæйы уынгæй иу, комсомолы номыл цæуынц спортивон ерыстæ, хистæр кар æй нымайы фæсивæды хъомылады нывыл организацийыл, йæ уылты сæ фæндаг стыр политикæмæ райдтой Ирыстоны ирд гоймæгтæ.

Фæскомцæдисонты организацийы хуссарирыстойнаг рамонджытæй иу, республикæйы хицауады раздæры сæрдар, æхсæнадон архайæг Хъуылымбегты Доменти радзырта Sputnik, æнусы размæ цы фæсивдæон организаци райгуырд, уый нысаниуæджы тыххæй. Экс-политик рацыд Хуссар Ирыстоны автономон областы комсомолы нымæрдарæй йæ фыццаг секретары онг.

"Фæскомцæдис уыд универсалон организаци, кæцы стыр ахъаз уыд хъомыладон куысты. Скъолайы рæстæгæй 28 азы кармæ фæскомцæдис æмдзу кодта фæсивæдимæ, æрыгæтты цæттæ кодта цардмæ, фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Ахæм организаци йæ размæ æмæ йæ фæстæ дæр нæ уыд. Фæскомцæдис ахуыр кодта хæларадыл, тох кæныныл, зындзинадæн быхсыныл. Комсомол мæ цы адæмимæ сбаста, уыдонимæ абон дæр стæм хæлар", - радзырдта Хъуылымбегты Доменти.

Фæскомцæдисонты организацийы уылты стыр политикæмæ райдытой сæ фæндаг Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрæг Хуыбылы Валерий, республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торез, Хуссар Иры дыккаг президент Кокойты Эдуард æмæ бирæ æндæр зыдгонд гоймæгтæ. 

Ног хабӕртты лентӕ
0