Хуссар Иры парламент бавдыста æхсæнадон тæрхонуатмæ йæ кандидатты

© Sputnik / Наталья АйриянХусар Иры парламент бавдыста æхсæнадон тæрхонуатмæ йæ кандидатты
Хусар Иры парламент бавдыста æхсæнадон тæрхонуатмæ йæ кандидатты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кандидатурсæты номхыгъдыл саразы ис парламенты комитет æмæ йæ рахаста президиумы æркастмæ

ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты æркастысты æхсæнадон тæрхонуатмæ кандидатты номхыгъдмæ, хъусын кæны закорганы пресс-службæ.

Номхыгъдмæ бацыдысты хицæн æхсæнадон организациты минæвæрттæ: Плиты Мæдинæ хæсты фæцæфуæвджыты комитетæй, Тедеты Тамерлан Абхазы хæсты ветеранты цæдисæй, Гæбæраты Сæрмæт амалиуæггæнджыты цæдисæй, Хъотайты Шота бильярды федерацийæ, Бежанты Ӕхсар фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-йæ, Харебаты Ацæмæз нывгæнджыты цæдисæй, Габаты Владимир журналистты цæдисæй æмæ Хæбæлаты Алексей амалиуæггæнджыты æхсæнадон организаци "Фарн"æй.

Хуссар Иры парламент бадзурдзӕн Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой ирӕтты геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент бадзурдзӕн Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой ирӕтты геноцид

Комитеты хистæр Габатты Алан бахахх кодта, æхсæнадон тæрхонуат кæй у хицауад æмæ адæмы ʻхсæн бæттæг цæг, парламент йемæ кусдзæн æнгом.

Кандидатурæты номхыгъдыл саразы ис парламенты комитет æмæ йæ рахаста президиумы æркастмæ

Уымæй дарддæр ма, рабадты рæстæджы парламентарийтæ æркастсты законы проект "О государственной пошлине Республики Южная Осетия"-йы 15-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарстмæ. Габатты Алан банысан кодта, документ ахъаз кæй уыдзæн Паддзахадон автоинспекци регистрацийы рæстæджы хъалонтæ фæкъаддæр кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0