Цхинвалы уагдæттæй иумæ дыууæ хатты "фæуазæг" калм

© Sputnik / Дмитрий Дебабов /  Ахизын медиабанкмæкалм
калм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Калм бабырыд службæйы зайæгойты карантин æмæ тауинаджы контролы хайады хатæнтæм, кæцытæ уæвынад кæнынц микрорайон "Шанхай"-ы уæвæг зæронд дыууæуæладзыгон бæстыхайы

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕмæ ацы къуыри дыууæ хатты фæуазæг ис калм. Тæссаг бырæджы фæсурынмæ фæсидтысты УУМ службæмæ, фæлæ "фыдуаг" уазæг йæхи бааууон кодта æмæ та ногæй йæхи равдыста æртыццæджы райсом.

Калм бабырыд службæйы зайæгойты карантин æмæ тауинаджы контролы хайады хатæнтæм, кæцытæ уæвынад кæнынц микрорайон "Шанхай"-ы уæвæг зæронд дыууæуæладзыгон бæстыхайы.

Кӕлмытӕ тасы ӕппарынц Цхинвалы цӕрджыты

"Уавæр у сабыр, адæм сты сæ куысты бынæтты. Ӕндæрæбон калм бабырыд нæ дæлхайады хатæнтæм, УУМ кусджытæм фæсидтыстæм, фæлæ йæ не ʻссардтой. Æртыццæджы райсом та калм хатæны фæзынд, фæлæ стæй абырыд. Зæронд бæстыхай у æмæ йæ астъæрд у пырхытæ. Ныккодтам кусджыты, цæмæй скъалой пол. Ныридæгæн калм бæстыхайы нал ис", - загъта Sputnik уагдоны разамонӕг Мӕргъиты Алан.

Уый ма банысан кодта, æвдисæнты ныхæстæм гæсгæ, калм уадиссаг стыр нæ уыд, сау хуыз.

Ног хабӕртты лентӕ
0