Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг къамис ногӕй ӕрдзырдта арӕны демаркацийыл

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг къамис ногӕй ӕрдзырдта арӕны демаркацийыл
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг къамис ногӕй ӕрдзырдта арӕны демаркацийыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсеимӕ арӕны демаркацийы фӕдыл камисы куыст дарддӕр ӕххӕст цӕуы – Хуссар ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвӕрттӕ фембӕлдысты ӕртыккаг хатт

ЦХИНВАЛ, 31 окт - Sputnik. Мӕскуыйы 29-31 октябры ацыд иумӕйаг хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг демаркацион къамисы ӕртыккаг рабадт, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

"Рабадтыл рӕстӕджы ӕрдзырдтой фарстытыл, кӕцытӕ баст сты 2020 азы куыстыты нывӕзтимӕ, афтӕ ма сфидар кодтой цалдӕр нормативон-барадон документы" – дзырдӕуы хъусинаджы.

Иумӕйаг къамисы иннӕ рабадт ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны, фембӕлды датӕ нырма бӕрӕг нӕу.

Амӕйразмӕ Бибылты Анатолий стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг къамисы архайдӕн арӕны демаркаци ӕмӕ делимитацийы фӕдыл. Президент банысан кодта, куыст кӕй хӕццӕ кӕны йӕ кӕронмӕ.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн паддзахадон арӕны демаркаци ӕмӕ делимитацийы фӕдыл къамис сарӕзтӕуыд 2012 азы. Йӕ фыццаг рабадт ацыд 2018 азы сентябры Мӕскуыйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0