Нырма ис тӕссаг хӕйттӕ: уӕрӕсейаг сапертӕ ногӕй ӕрцӕудзысты Хуссар Ирмӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦентр "Лидер" Хуссар Ирыстоны
Центр Лидер Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕныны цыппаразон программӕ ныридӕгӕн фӕцис, фӕлӕ тӕссаг хӕйттӕ кӕй баззад, уый фӕдыл куыст адарддӕр кӕндзысты 2020 азы. Ныртӕккӕ уӕрӕсейаг сапертӕ сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ бӕрӕг кӕнынц фидӕны куыстыты бынат

ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) центр "Лидер"-ы сапертӕ дарддӕр сыгъдӕг кӕндзысты Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй, кӕцытӕ баззадысты 2008 азы августы хӕстӕй фӕстӕмӕ. Уый уыдзӕн куыстыты фӕндзӕм этап. Сапертӕ хуссарирыстойнаг ирвӕзынгӕнджытимӕ райдыдтой бӕрӕг кӕнын фидӕны куыстыты бынӕттӕ.

Хуссар Ирыстоны УУМ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй республикӕйы территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕныны программӕ фӕцис, фӕлӕ ма дзы баззад тӕссаг хӕйттӕ.

"Уыцы тӕссагдзинады фӕдыл мах аскъуыддзаг кодтам адарддӕр кӕнын куыст", - загъта Sputnik уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Центр "Лидер"-ы минӕвӕртты райста УУМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз, кӕцы загъта бузныг коллегӕтӕн ӕххуысы тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ӕзтӕм егъау куыст бакодтой, фӕлӕ уагдӕттӕн нырма хъӕуы ӕмгуыстад кӕнын ацы фадыджы.

© МЧС РЮОУӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады центр "Лидер"-ы минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ
Нырма ис  тӕссаг хӕйттӕ: уӕрӕсейаг сапертӕ ногӕй ӕрцӕудзысты Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады центр "Лидер"-ы минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ

Хуссарирыстойнаг фарс райста йӕхимӕ бӕрн, цӕмӕй ӕрцӕрын кӕны центры "Лидер"-ы къорды, афтӕ ма хъахъхъӕндзӕн территоритӕ, цы ран специалисттӕ кусдзысты.

"Мах ӕрцыдыстӕм нӕ къухдариуӕгады фӕдзӕхстӕй, цӕмӕй ӕрныхас кӕнӕм фидӕны куыстытыл. Мах хъӕуы сбӕрӕг кӕнын территоритӕ, кӕцытӕ хъуамӕ ссыгъдӕг кӕнӕм рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй. Афтӕ ма нӕ хъӕуы ӕрныхас кӕнын куыстыты райдайӕн ӕмӕ фӕуды ӕмгъуыдыл, ӕмӕ фехъусын кӕнӕм уый тыххӕй нӕ къухдариуӕгадӕн, цӕмӕй скъуыддзаг рахӕссой", - банысан кодта "Лидер"-ы хистӕр Анатолий Саввин.

Фидӕн аз сапертӕ нывӕнынц ссыгъдӕг кӕнын ӕртӕ бынаты Цхинвалы районы. Конкретон хӕйттӕ сбӕрӕг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны УУМ.

Центры сапертӕ райдыдтой сыгъдӕг кӕнын Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй 2016 азы. Цыппар азмӕ уыдон басгӕрстой республикӕйы территорийы 172 гектары, ӕнӕзианхъом скодтой 1023 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0