Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ

© Из архива тренера В. СозаеваЦхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортивон кады пьедесталмæ схызтысты Дудайты Доннӕ æмæ Тадтаты Софья, чызджытæ æдзух сты æппæтуæрæсейон ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты нымæцы

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры каратисттæй дыууæ ссисты Уæрæсейы фыццагады бронзæйон призертæ Киокусинкай каратэйӕ. Спортивон кады пьедесталмæ схызтысты Дудайты Доннӕ æмæ Тадтаты Софья, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созайты Владимир.

© Из архива тренера В. СозаеваЦхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ

Чызджытæ æдзух сты ацы æмæ æндæр æппæтуæрæсейон ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты нымæцы.

"Алы хатт дæр тырнæм хуыздæр хатдзæгмæ. Гæнæн ис, чызджытыл бандæвта мидтыхст, науæд æдзух ерыстæ. Куы сын вæййы æвæрццаг, куы та æппæрцаг æндæвдад. Уый дæр æвзæр хатдзæг нæу, дарддæр нæм æнхъæлмæ кæсынц ног ерыстæ, равдисдзысты ноджы хуыздæр бæрæггæнæнтæ", - загъта Созайты Владимир.

© Из архива тренера В. СозаеваДудайты Донна тохы
Дудайты Донна тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Дудайты Донна тохы
© Из архива тренера В. СозаеваТадтаты Софья тохы
Тадтаты Софья тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Тадтаты Софья тохы
© Из архива тренера В. СозаеваЦхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ
1/3
Дудайты Донна тохы
2/3
Тадтаты Софья тохы
3/3
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы фыццагады призертæ

 

Уæрæсейы фыццагад Киокусинкай каратэйӕ цыд 25-28 октябры Ульяновскы. Ам майдантыл тохы бацыд 760 спортсмены.

"Ерысты æмвæзад уыд тыхджын бæрзонд – æмткæй дзы архайдта 760 спортсмены, иу категорийы тох кодтой 20 спортсмены онг", - бафтыдта тренер.

Дудайты Доннӕ архайдта 14-15 кары спортсменты хсæн 50 килограммы уæзы, ацы уæзы архайдта Тадтаты Софья дæр, уый та 16—17 кары спортсменты ʻхсæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0