Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ

© instagram/milenadoguzovaЦхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейы ерыстæ
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейы ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæбæлæты Арсен у кæстæр кары иууыл æнтыстджындæр армрестлер, ерысты уый рахиз къухæй ныббырста йæ уæзы дунейы 11 тыхджындæр армрестлеры

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы армспорты секцийы хъомылгæнинаг Уæрæсейы æмбырдгонды сконды рамбылдта дунейы фыццагад рахиз къухæй, уый рамбылдта йæ фыццаг "сызгъæрин" ацы æмвæзады ерысты, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Ивгъуыд аз Хæбæлаты Арсены дунейон ерысты уыд дыккаг.

"70 кг уæзы æвзæнгты ʻхсæн хæцыд 20 дунейы тыхджындæр армрестлеры. Арсен ныббырста 10 спортсмены, финалы та рамбылдта уæрæсейаг командæйы уæнг Магомед Эльдаровы. Галиу къухæй тохты лæппу райста травмæ, уымæ гæсгæ рахауд майдантыл тохæй", - загъта Джиоты Валерий.

Бон раздæр ма дунейы чемпионаты расгуыхт æндæр цхинвайлаг æрмхæцæг Джиоты Родион, уый уæлахиздзау ссис 55 кг уæзы.

© Из личного архива А.ХабаловаЦхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ
© Из личного архива А.ХабаловаЦхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ
1/2
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ
2/2
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта дунейон ерыстæ

Тренер ма бузныджы ныхæстæ загъта, президент Бибылты Анатолийæн, арæзтады министр Зæгъойты Эдуардæн æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат "Капиталон арæзтады управлени"-йы хистæр Джиоты Робертæн, стæй ма Ӕхсæнадæмон хыгъдон банчы хистæрæн сæ финансон æххуысы тыххæй.

Цыппæрæмы та тохы бацæудзæн Европæйы æртæ хатты æмæ дунейы дыууæ хатты чемпион низæфхæрд адæмы ʻхсæн Дыгъуызты Малхаз.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Гордость!❤️❤️❤️Чемпион мира!

Публикация от Милена Догузова (@milenadoguzova)

Ног хабӕртты лентӕ
0