Тыбылты Инал Хуссар Иры статистикӕйы куысты тыххӕй: цӕуӕм тенденциты фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянТыбылты Инал
Тыбылты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны статистикӕйы хайад цыппӕрӕмы нысан кӕны профессионалон бӕрӕгбон. Уагдоны сӕргълӕууӕг радзырдта, куыд нысан кӕнынц ацы нысаниуӕгджын датӕ ӕмӕ цӕуыл кусынц ныртӕккӕ

ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны статистикӕйы хайады кусджытӕ ӕртыккаг хатт нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Кӕд паддзахадон статистикӕйы хайад арӕзт ӕрцыд бирӕ ӕзты размӕ, уӕд сын сӕ официалон бон фӕзынд ӕрмӕстдӕр 2017 азы.

Бӕрӕгбоны датӕ – 31 октябрь – ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ равзӕрстой: Хуссар Ирыстоны фыццаг статистикон уагдон арӕзт ӕрцыд 1922 азы октябры.

Уагдоны разамонӕг Тыбылты Инал бахахх кодта, хайады кусджытӕ кӕй нысан кӕнынц сӕ бӕрӕгбон куысты бынӕтты, ацы бон уыдонӕн нӕу улӕфт бон.

"Нӕ алкӕцы бӕрӕгбоны дӕр мах ӕххӕст кӕнӕм нӕ ӕрвылбонон куыст. Мах цӕттӕ кӕнӕм фараст мӕймӕ статистикон бӕрӕггӕнӕнты радон бӕрӕгуат", - загъта уый.

Ацы аз статистикӕйы хайады кусджытӕ ӕрвылмӕй райдыдтой сӕ цӕст дарын продуктты ӕргътӕм дӕр.

Трактор быдыры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны банымайдзысты хъæууонхæдзарадон ресурстæ

Афтӕ ма уӕрӕх кӕны информаци, методикӕтӕ ӕмӕ статистикон хыгъдлӕвӕрдты формӕты бӕрцуат.

"Ӕрвылаз бакӕнынц ног здӕхттӕ, уымӕн ӕмӕ уӕрӕх кӕны нӕ паддзахады архӕйдтыты фӕзуат. Мах тырнӕм цӕуын тенденциты фӕдыл", - згаъта Тыбылты Инал.

Сӕ куысты сын ӕххуыс кӕнынц уӕрӕсейаг коллегӕтӕ дӕр. Уагдӕтты хсӕн бафыстӕуыд бадзырдтӕ, афтӕ ма сарӕзтӕуыд архӕйдтыты иумӕйаг программӕ.

Статистикӕйы хайады куысты ис проблемӕтӕ дӕр, уыдонӕй сӕйраг у кӕцыдӕр уагдӕтты ӕвзӕр хыгъдлӕвӕрдон дисциплинӕ.

"Ногӕй та мӕ фӕнды ӕрсидын, цӕмӕй статистикон хыгъдлӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕной рӕстӕгыл", - загъта уагдоны разамонӕг.

Тыбылты Инал раарфӕ кодта йӕ коллегӕтӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн, ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта стыр ӕнтыстытӕ сӕ куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0