Фæндæгтæ æмæ коммуникацитæ: горæт Къуаисайы цæуынц арæзтадон куыстытæ

© Пресс-служба Дзауского районаГорæт Къуаисайы цæуынц арæзтадон куыстытæ
Горæт Къуаисайы цæуынц арæзтадон куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æдæппæтæй горæты ис 12 бирæуæладзыгон хæдзар, уыдонæй ацы азы нывæзтмæ гæсгæ сæ ныккæндон коммуникацитæ ивд æрцæудзæн цыппарæн

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Горæт Къуаисайы цæрæн-коммуналон службæйы кусджытæ цыппар бирæуæладзыгон хæдзары ныккæндты ивынц коммуникацитæ. 30 азы дæргъы æнæхъусдард цы хызæгтæ уыдысты, уыдон æвзæрын кодтой зындзинæдтæ - хæдзæрттæн сæ ныккæндтæ едзаг кодтой донæй, фехъусын кодта Sputnik службæйы хистæр Хуыгаты Алан.

Æдæппæтæй горæты ис 12 бирæуæладзыгон хæдзары, уыдонæй ацы азы нывæзтмæ гæсгæ сæ ныккæндон коммуникацитæ ивд æрцæудзысты цыппарæн, аннæтæ хаст æрцыдысты фæстæдæр æзтæм.

"Ацы азы кæронмæ хъуамæ ивд фæуой цыппар бирæуæладзыгон хæдзары доны коммуникацитæ, дыууæ объекты дзы куыстытæ сты фæуд ныр дæр. Коммуникациты ивыны куыст адарддæр уыдзæн 2020 азы дæр, уæды нывæзты та ис 3 хæдзары" - загъта Хуыгаты Алан.

Уый ма банысан кодта, фæуд кæны горæты мидæггагон фæндæгты арæзтад дæр. Куыстытыл архайы нардуатон организаци "Арæзтадон æрмæджыты завод".

Амæй размæ ма цæрæн-коммуналон службæйы кусджытæ сарæзтой фæндаг горæты сæрмæ æвæрд Уастырджыйы кувæндонмæ. Æртæ километры дæргъæн фæндаг арæзт æрцыд Джиуæргуыбайы кувæн къуыримæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0