Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Владимир Путинӕн Уӕрӕсейы Адӕмон иудзинады боны цытӕн

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæБибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин
Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы къуырисӕры нысан кӕнынц иууыл ахсджиагдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй иу – Адӕмон иудзинады бон. Ацы нысаниуӕгджын датӕйы фӕдыл Уӕрӕсейы президент ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik. Адӕмон иудзинады бон ссис Уӕрӕсейы символтӕй иу, дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путинмӕ ацы нысаниуӕгджын датӕйы фӕдыл.

"Ацы бӕрӕгбон нын ногӕй ӕрымысын кодта иудзинады ӕнӕмӕнг хъӕуындзинады тыххӕй, ӕрмӕстдӕр иумӕ ис гӕнӕн бахӕссын хорз ивындзинӕдтӕ бӕстӕйы цардмӕ, цӕмӕй уа фидар ӕмӕ дидинкалгӕ", - дзырдӕуы арфӕйы.

Адӕмон иудзинады бон у Уӕрӕсейы паддзахадон бӕрӕгбон. Уый сфидар кодтой 2005 азы  Польшайы интервенцийӕ 1612 азы Мӕскуы ссӕрибар кӕныны цытӕн. Хӕдӕфсад Кузьма Минин ӕмӕ Дмитрий Пожарскийы сӕргълӕудӕй штурмӕй систа Китай-горӕт.

Хуссар Ирыстоны ацы датӕ бахастой бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты паддзахадон къӕлиндармӕ, фӕлӕ улӕфт бон нӕу.

Ног хабӕртты лентӕ
0