00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Фонд "Уырыссаг дуне"-йы центр фӕзындзӕн ХИПУ-йы

© Пресс-служба ЮОГУФонд "Уырыссаг дуне"-йы центр фӕзындзӕн ХИПУ-йы
Фонд Уырыссаг дуне-йы центр фӕзындзӕн ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фонд "Уырыссаг дуне" баххуыс кӕндзӕн ХИПУ-йы Центры техникон ифтонгадӕн, афтӕ ма рахицӕн кӕндзӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг методикон ӕмӕ зонадон литературӕ куыстӕн

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим бафыста бадзырд Фонд "Уырыссаг дуне"-йы къухдариуӕгадимӕ университеты фонды Центр бакӕныны фӕдыл. Документ бафыстой Фонд "Уырыссаг дуне"-йы ХIII Ассамблейы куысты рӕстӕджы, радзырдта Sputnik ХИПУ медиахолдингы директор Джиоты Алла.

© Пресс-служба ЮОГУФонд "Уырыссаг дуне"-йы центр фӕзындзӕн ХИПУ-йы
Фонд Уырыссаг дуне-йы центр фӕзындзӕн ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Уырыссаг дуне"-йы центр фӕзындзӕн ХИПУ-йы

Фонды ӕххӕстгӕнӕг директор Владимир Кочин банысан кодта, кӕй райдыдтой иумӕйаг куыст ӕххӕст кӕнын.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Процесс ацыд: ХИПУ ректор радзырдта, куыд тох кӕнынц ахуыргӕнӕндоны коррупциимӕ

"Уый у нӕ иумӕйаг куысты райдайӕн. Мах уырны, куыст кӕй уыдзӕн ӕнтыстджын ӕмӕ нын уыдзӕн уӕрӕх интеграци. Фонд "Уырыссаг дуне" баххуыс кӕндзӕн ХИПУ-йы Центры техникон ифтонгадӕн, афтӕ ма рахицӕн кӕндзӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг методикон ӕмӕ зонадон литературӕ куыстӕн", - загъта уый.

Ахуыргӕнӕндоны ректор загъта бузныг ХИПУ-йы Центр бакӕныны тыххӕй.

"Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет у дыууӕ дунейы центр Хуссар Ирыстоны: ирон ӕмӕ уырыссаджы. Алцыдӕр араздзыстӕм, цӕмӕй дарддӕр размӕ кӕнӕм уырыссаг культурӕ, ӕвзаг ӕмӕ истори", - бахахх кодта Тедеты Вадим.

ХИПУ-йы фонды Центры разамонӕгӕй банхъардтой снысан кӕнын филолог Остъаты Джульеттайы.

Уымӕй дарддӕр ХИПУ медиахолдинггы директор Джиоты Алла фехъусын кодта, фембӕлды рӕстӕджы кӕй бадзырдта телекомпани "Уырыссаг дуне"-йы директор Всеволод Железновимӕ сӕ каналыл ХИПУ ТВ ӕвдисыны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0