Фыццаг хатт Иры: Цхинвалы рацыд мадæлон æвзагыл аргъуаны зарджыты чиныг

© Sputnik / Наталья АйриянФыд Иаков
Фыд Иаков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чиныджы презентацимæ бацыдысты динамонджытæ, рæстдинонтæ, бæрнон кусджытæ, цалдæр зарæг-скуывдтæ сæххæст кодта нæлгоймæгты хор

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны ацыд аргъуаны зарджыты нотæты æмбырдгонд "Хуыцауы Литургийы зарджытæ ирон æвзагыл"-ы презентаци. Чиныджы бавдисыны агъоммæ аргъуаны æрдынцары бын Дзаттиаты Анисимы хоры æххæстæй айзæлдысты динон зарджытæ.

Чиныджы рацыд Ирыстоны историйы у фыццаг фæзынд, кæд 90 æзтæй фæстæмæ куыст цыд Хуыцаумæ скуывдтæ ирон æвзагмæ раивыныл, уæд сын нотæтæ саразын у иунæг бафæлвæрд.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы рацыд мадæлон æвзагыл аргъуаны зарджыты чиныг
Фыццаг хатт Иры: Цхинвалы рацыд мадæлон æвзагыл аргъуаны зарджыты чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы рацыд мадæлон æвзагыл аргъуаны зарджыты чиныг

Чиныг рауагъта Алайнаг епархийы совет. Мелодитæ бацæттæ кодта Хуссар Иры адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Дзаттиаты Анисим.

"Ӕз хохы схъомыл дæн, мæ фыд уыд Дзуары лæг. Мæ чысылы бонтæй хъуыды кæнын æмæ Хуыцаумæ куывтам ирон æвзагыл. Тыхст сахат Хуыцаумæ ныхасæн æцæгæлон æвзаг неʻвзарæм. Стæй ма, æз нымайын, аргъуанæй ирон куывд куы хъуыса, уæд уый ахъаз уыдзæн æвзаджы райрæзт æмæ бахъахъхъæнынæн дæр", - загъта Дзаттиаты Анисим.

© Sputnik / Наталья Айриян Агъуаны æрдынцары бын Дзаттиаты Анисимы хоры æххæстæй айзæлдысты динон зарджытæ
Фыццаг хатт Иры: Цхинвалы рацыд мадæлон æвзагыл аргъуаны зарджыты чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Агъуаны æрдынцары бын Дзаттиаты Анисимы хоры æххæстæй айзæлдысты динон зарджытæ

Чиныджы фыццаг сыфтыл мыхуыр ʻрцыд йæ рауагъдыл чи бакусыста уыдон номхыгъд. Фыд Иаковы ныхæстæм гæсгæ, чиныг рацыд 100 экземплярæй æмæ апарахат уыдзæн фæсарæнтæм дæр.

"Нæ пресс-секретары руаджы мах фæнд кæнæм чиныджы фæйнæ экземпляр арвитын дунейы уæвæг ирон диаспорæтæм, кæй зæгъын æй хъæуы Ирыстоны цы аргъуантæ ис, уыдон дæр фæхайджын уыдзысты ацы рауагъдæй. Ноджы ма иу экземпляр та арвитдзыстæм номдзыд дирижер Гергиты Валерийæн", — загъта фыд Иаков.

Чиныджы презентацимæ бацыдысты динамонджытæ, рæстдинонтæ, бæрнон кусджытæ. Культурæйы министр Зассеты Жанна баныфсæвæрдта бакусын ацы хъуыддаджы парахат кæныныл.

"Фæнды нæ самал кæнын ацы чингуытæй музыкалон ахуыргæнæндонæн, цæмæй уый хицæн курсæй бацæуа ахуырадон нывæзтмæ. Уымæй дардддæр ма министрад йæхимæ исы бæрн ацы зарджытæ рауадзын хицæн дискæй", — загъта Зассеты Жанна.

Ӕнгæс хъæппæрисимæ раныхас кодта рухсады уагдоны сæргълæууæг - Гасситы Натали баныфсæвæрдта диск банхъарын скъолаты апарахат кæнын.

© Sputnik / Наталья АйриянАгъуаны æрдынцары бын Дзаттиаты Анисимы хоры æххæстæй айзæлдысты динон зарджытæ
Фыццаг хатт Иры: Цхинвалы рацыд мадæлон æвзагыл аргъуаны зарджыты чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Агъуаны æрдынцары бын Дзаттиаты Анисимы хоры æххæстæй айзæлдысты динон зарджытæ
Ног хабӕртты лентӕ
0