Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг
Ӕрдзынарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы хъæу раздæр хуыд Чнарет, æвæрд у Ленингоры трассæмæ хæстæг. Цалдæр азы размæ йын йæ ном сæрмагонд къамис раивта Ӕрдзынарæджы хъæумæ

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Цхинвалы районы Ӕрдзынарæджы хъæу баззад æртæ бинонтæ. Стæм цæрджытæ комы нарæджы сæ бонтæ æрвитынц æнæхъусдардæй, телефонон бастдзинадæй пайда кæнынæн сæ хъæуы къуылдыммæ ссæуын, æхсæнадон транспорты размæ цæуынц тракторыл, стæм уазджытæ та сæм бахауынц æрмæстдæр архаикон доны куырой уынæг æмæ фос æлхæнæг.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг
Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдзынарӕг

Фæстаг Хуссар Ирыстоны

Рагон Ром æмæ Грецийы дуджы æрымысгæ мигæнæн куыстхъом у Ӕрдзынарæджы хъæу ныр дæр. Ацы комы ма кусы Хуссар Иры иунæг доны куырой, аннæ рæтты раджы рахызтысты электроэнергийæ кусгæ куырæйттæм. Стæй сæ æнæмæнгхъæуындзинад дæр афтæ ахадгæ нал у - ныры дуджы адæм ссад æлхæнынц цæттæйæ.

"Ӕз ма йæ мæхæдæг хъуыды кæнын, ацы комы адæмæй азмæлæн куы нæ уыд. Хъæуы алкæцы мыггагæн дæр уыд йæхи куырой. Сæ дуртæ та сæ зилынæй нæ лæууыдысты", - дзуры хъæуы цæрæг Утарты Венера.

Куыройы хъæдын хъуырдзæуæны нартхор цадæггай бынмæ цæуы. Сахаты мидæг рагон "рауагъдад" дæтты иу килограммы бæрц ссад. Æлхæнгæ ссады уæлдай митау урсæй æрттивы æмæ дзы къуыбар ссарæн нæй.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг
Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдзынарӕг

Сылгоймаг æй арæхстджынæй æмбырд кæны æмæ уырнын кæны, зæгъгæ, уымæй цавæр хæрзад кæрдзын рауайа, ахæм æндæр никæмæ ис.

"Ӕрæджы дзы уæймæ ахастон Цхинвалмæ, чи дзы бафæлвæрдта, уыдон мæ ныр дæр ноджы домынц, фæлæ горæтмæ стæм хатт афтын", - бафтыдта Венера.

Хъæумæ æхсæнадон транспорт нæ цæуы. Ӕввахсдæр хъæу Бихъармæ автобусы размæ ныццæуынмæ хъæуы æртæ километры басæттын.

"Тракторыл æй акæнын, фæндаг дард у. Автотранспорты управлени нæм уыдысты, сæрмагонд рейс нын баныфсæвæрдтой, фæлæ цыппар цыды фæстæ мах уый уынæг нал стæм", - загъта Венерайы æмкъай Чиаты Василий.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг
Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдзынарӕг

Знæгты хæларад

Проблематæм æнæкæсгæйæ, бинонтæ цæрынц хъæрмудæй, хæлардзинад æгæрыстæмæй æрфысым ис æнæбафидаугæ знæгтæ - гæды æмæ куыдзы æхсæн дæр. Ӕбацæуæгмæ сæрæй хъыхъхъаг цæстæй кæсæг Тугъан, йе рагъыл уазал рæстæг тавы йæ цæдисон æмбалы.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг
Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдзынарӕг

"Мæ фырт мæм горæтмæ сиды, фæлæ цы хъуамæ аразон уым? Тæдзынæгæй цыхцырæгмæ чи цæуы? Цæугæдон мæ цæхæрадоны цурты цæуы, алцыдæр нæм зайы. Дарæм фос, цæг нæм арс дæр кæддæрты фæуазæг вæййы, фæлæ æвзæр нæ цæрæм", - зæгъы Чиаты Василий.

Ӕхсæз хъæлæс президентæн æмæ кæлæддзаг агъуыст

Бинонты æнæмæт цардмæ æнкъарддзинады аууон дæтты æрмæст сæ хæдзары мæгуырау уавæр. Агъуыстæй дон бынмæ сæх-сæх кæны, сынтæг хъæццулы сæрты æмбæрзт у целлофанæй, цар хъулæттæй лæууы. Хæдзары сис цыхцырæджы бын кæлы.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг.
Ӕрдзынарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Ӕрдзынарӕг.
© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг.
Ӕрдзынарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Ӕрдзынарӕг.
1/2
Ӕрдзынарӕг.
2/2
Ӕрдзынарӕг.
"Хæсты рæстæджы ардæм гуырдзиаг адæймаг йæ къах не ʻрбавæрдта. Æгас сыхаг хæуы цæрджыты æз бааууон кодтон, нæ агъуысты дæргъæй дæргъмæ фынгыл нæдæр цыдысты æмæ-иу дыууæ хатты æрбадтысты. Абон дæр ма мын бузныгтæ дзурынц. Æз та ныр дæн тыхст уавæры, хицауадæй тынг курæг дæн, мæ хæдзары агъуыст мын куы раивиккой", - зæгъы Венера.

Йæ проблемæйы тыххæй сылгоймаг фыстæг дæр ныффыста, фæлæ йын дзуапдæттæг нæй. Сæхи тыхтæй йæ саразын сæ бон нæу, сылгоймагæн йæ къахыл хъæуы операци, йæ пенси та уый бæрц дæр нæ кæны.

"Куырдиатæй мæ ныфс нæй, фæлæ президентмæ фембæлдмæ куы бахауин, уæд мæ хъуыддаг чизоны сырæзит. Стæй уымæн дæр хорздзинады бацыдтæн, ам æввахс цæрджыты сразы кодтон уымæн схъæлæс кæнын æвзæрстыты. Æхсæз хъæлæс райста мæ фæрцы", - балхынцъ кодта Венера.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрдзынарӕг
Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдзынарӕг
Ног хабӕртты лентӕ
0