Гуырдзыстон дарддӕр аразы провокацитӕ Хуссар Ирыстонимӕ арӕныл, фехъусын кодтой ПӔК

© Sputnik . STRINGERГуырдзиаг полици
Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕныл ӕндыгъд уавӕры бӕрндзинад хӕссы гуырдзиаг къухдариуӕгад, банысан кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны кӕцыдӕр хӕйттыл октябры уыд ӕндыгъд уавӕр гуырдзиаг тыхон структурӕты провокациты тыххӕй, фехъусын кодта ӕртыццӕджы РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы хистӕр Биазырты Екатерина.

Хуссар Ирыстоны арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта арӕнсӕтджыты нымӕцы фӕкъаддӕры тыххӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстоны тыхон структурӕтӕ аразынц провокацитӕ арӕныл гуырдзиаг къухдариуӕгады политикӕйы фӕлгӕтты, кӕцы ӕххӕст цӕуы Хуссар Ирыстоны арӕнтыл.

Биазырты Екатерина банысан кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕнхъахъхъӕнджытӕ кæй уадзынц иумӕйаг мадзӕлттӕ, цӕмӕй уавӕр фӕхуыздӕр уа ӕмӕ бахъахъхъӕной цӕрджыты.

"Гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ кӕй фӕнд кӕнынц дестабилизаци кӕнын уавӕр цӕрӕн пункт Уисты (Цънелис) районы, уый фӕдыл Хуссар Ирыстоны ПӔК арӕнгӕрон службӕ иудадзыг йӕ цӕст дары паддзахадон арӕнмӕ", - загъта ПӔК минӕвар.

Уый ма фехъусын кодта, 30 октябры Мӕскуыйы кӕй ацыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн паддзахадон арӕны демаркацийы фӕдыл къамисы радон фембӕлд.

Афтӕ ма ПӔК фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны арӕн фехалыны статистикӕ октябры. Иу мӕймӕ ӕрцахстой 39 арӕнсӕттӕджы – уый у 13 фылдӕр сентябрьмӕ абаргӕйӕ. 26 арӕнсӕттӕджы фӕивар кодтой, цыппары арвыстой РХИ территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, фараст адӕймаджы та бафӕдзӕхстой. Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 62,5 мин сомы бӕрц.

Комитеты ма фехъусын кодтой, 4 сентябрӕй фӕстӕмӕ кӕй сӕхгӕдтой Гуырдзыстонимӕ арӕныл уадзӕн пункттӕ "Раздæхӕн" ӕмӕ "Синагур". Ацы мадзал сӕххӕст кодтой ӕндыгъд уавӕры тыххӕй арӕныл, банысан кодтой ПӔК.

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0