ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады абон мысынц легендарон командӕгӕнӕг, политикон архайӕг, республикӕйы Гарзджын тыхты бындурӕвӕрджытӕй иу, Ирыстоны Хъайтар Хуыбылты Валерийы.
Хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-секретарь Чехойты Инга куыд нысан кӕны, афтӕмӕй министрады равдисдзысты кинонывтӕ Хуыбылты Валерийы тыххӕй, ӕфсӕддонтӕн радзурдзысты Хъахъхъӕнынады министрады раздӕры сӕргълӕууӕджы цард, ӕфсӕддон, ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон архайды тыххӕй.
Хуыбылты Валерий (Хубул) райгуырд Цхинвалы 1966 азы 6 ноябры. 1983 азы фӕцис Цхинвалы фарастӕм астӕуккаг скъола, уыцы аз бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты физикон-математикон факультетмӕ. 1984 азы йӕм ӕрсидтысты Советон Ӕфсадмӕ. Ӕфсады фӕстӕ адарддӕр кодта йӕ ахуыр университеты ӕмӕ йӕ фӕцис 1990 азы. 1991 азы йӕ равзӕрстой Хуссар Ирыстоны областон комитеты Фыццаг секретарӕй ӕмӕ фӕскомцӕдисонты уӕнгӕй.
Гуырдзиаг агрессийы фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыбылты Валерий уыд хӕстон архӕйдтыты активон хайадисӕг, кӕцыты рӕстӕджы равдыста хъӕбатырдзинад ӕмӕ сорганизаци кодта ныхмӕлӕуд знагӕн.
1992 азы Хуыбылты Валерий хайад райста Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн конфликт ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл Сочийы бадзырдты бафыссыны.
1993 азы йӕ къухдариуӕгады бын сарӕзтӕуыд Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад – Хуыбылты Валерий уыд уагдоны сӕргълӕууӕг 1996 азы онг. Афтӕ ма 1994 азы Хуыбылты Валерийы снысан кодтой республикӕйы хицауады сӕрдары хӕдивӕгӕй.
1994-1998 ӕзты уыд фӕсконфликтон уавӕр ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл Контролон Къамисы уӕнг.
Хуыбылты Валерийы амардтой Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иуыл 1998 азы. Хъайтырыл цыд 32 азы.
2016 азы хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы хъӕппӕрисӕй сарӕзтӕуыд Хуыбылты Валерийы номыл уагдонон хорзӕх.