Президент: Хуссар Иры алыхатт дæр хъуыды кæндзысты Анатолий Ноговицыны

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæАнатолий Ноговицын
Анатолий Ноговицын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг тæфæрфæс ракодта уæрæсейаг инæлары амæлæты фæдыл, кæцы æхсæнадæн хъусын кодта раст информаци 2008 азы августы ирон-гуырдзиаг конфликты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Анатолий Ноговицыны алыхатт дæр хъуыды кæндзысты куыд хъæбатыр адæймаг æмæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриоты, дзырдæуы президент Бибылты Анатолийы телы УФ Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгумæ, цы ран тæфæрфæс кæны инæлар-булкъон Анатолий Ноговицыны амæлæты фæдыл. 

Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады сӕйраг спикер 2008 азы Хуссар Ирыстоны хӕсты рӕстӕджы, инӕлар-булкъон Анатолий Ноговицын амард Мӕскуыйы дыццӕджы, 5 ноябры. Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны стыр хъыгзæрдæйæ кæй кæй сæмбæлдысты ацы æвирхъау хабарыл.

Инӕлар-булкъон Анатолий Ноговицын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Амард уӕрӕсейаг инӕлар, кӕцыйы схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры Кады Орденӕй

"Анатолий Ноговицыны хъæбатырдзинад, йæ хъæлæс æмæ рæстдзинад, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны фæдыл операцийы тыххæй раст информаци ссисты ирон адæмы историйы æнæфæцудгæ хай", - дзырдæуы президенты телеграммæйы.

Бибылты Анатолий ма арвыста хъынцъымы ныхæстæ Ноговицыны хиуæттæ æмæ хæстæджытæн.

2008 азы июлы Ноговицыны снысан кодтой Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕры хӕдивӕгӕй. 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы, Ноговицын ӕрвылбон хъусын кодта ӕхсӕнадӕн хӕстон цауты тыххӕй.

 

Фӕстӕдӕр, 2010 азы сӕрды, Ноговицыны схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны Кады Орденӕй активон хайадисты тыххӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад бахъахъхъхъӕныны ӕмӕ сгуытхдзинӕдты тыххӕй Кавказы сабырад ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы.

 

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0