Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы

© Sputnik / Наталья Айриян13 коммунары ныккæнд
13 коммунары ныккæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы 13 коммунары уынджы æстæм хæдзары ныккæнды сæ фæстаг сахаттæ арвыстой коммунартæ, абон хæдзар ис бæстæйы историон цыртдзæвæнты номхыгъды. Сомихаг сылгоймаг Ашхены мысинæгтӕ та рухс хæссынц æнусы размæ æрцæугæ геноциды иууыл зындгонддæр эпизодмæ

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры æрбалæугæ азы мысдзысты æнусы размæ æрцæугæ бæллæх - ирон адæмы фыццаг геноциды амæттæгты. Бæстæйы историйы тугамæст сыфтæ ссардтой сæ бынат аив литературæйы, нывкæнынады, фæлæ иууыл зындгонддæр ацы историйы у 13 коммунары мæлæт.

© Художник Махарбек Туганов13 коммунары
Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
13 коммунары

Згъудеры уæлмæрды ацы фæсивæд се ʻнусон бынат цы ран ссардтой, уым сын сæвæрдтой цырт, сæ фæстаг балцы коммунартæ цы уынгыл цыдысты, уый абон хæссы сæ ном. 13 коммунары мæлæт баззад Тугъанты Махарбеджы куысты, фæлæ ма уымæн дæр аззад æрмæст йæ репродукци, ныв йæхæдæг фæтары ис музеййæ. Ацы зындгонд цаутæй дарддæр ма Цхинвалы ис ныккæнд, кæцыйы сæ фæстаг сахаттæ æрвыстой мæлæтæн нывонд 13 æвзонг лæппуйы.

Цыппæрдæсæм коммунар

13 коммунары уынджы æстæм хæдзар абон дæр уæлвонгæй фæлгæсы столицæйы историон хаййы. Хæдзар ныридæгæн у æдзæрæг, бындартæ цæрынц йæ фарсмæ агъуысты. XX æнусы 20-æм æзты ацы хæдзары цардысты сомихаг бинонтæ – идæдз сылгоймаг Ашхен Ованова йæ хъæбултимæ. Уый ныккæнд ссис 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы.

© Sputnik / Наталья Айриян13 коммунары ныккæнд
Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
13 коммунары ныккæнд

Ашхены хъæбулы хъæбул Изольда дзуры йæ мысинæгты, зæгъгæ, Советон рæстæджы, хистæр кълæсты ма куы ахуыр кодта, уæд сæм æрбацыд стыр делегаци, се ʻхсæн уыд карджын нæлгоймаг, кæцы "нана Ашхенæн йæ къухтæн пъатæ кодта".

"Уый уыд коммунартæй иу - цыппæрдæсæм, кæцыйæн бантыст алидзын. Коммунартæй сæ тæккæ мæлæты размæ фервæзын кодтой иуы, балхæдтой хъахъхъæнджыты æмæ йын радтой фадат лидзынæн. Уый уыд нæ уазæг", - радзырдта Изольда.

Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæстæджы йæ нанайæн хæсгонд уыд ахæстæттæн дон бахæссын. Сæ хъизæмæрттæм кæсгæйæ ма сын фæлмæнзæрдæ сылгоймаг бахъуызын кодта фæткъуытæ æмæ дзулы кæрдихтæ.

"Уый тыххæй йын дзырдта бузныг æнæзонгæ лæг дæр. Уый æрбацыд уацхæсджытимæ, мæ зæрдыл ма лæууы ныр дæр. Дыккаг бон та нанайы акодтой Згъудеры уæлмæрды коммунарты ингæнмæ ногдзаутимæ. Уый фæстæ газет "Советон Ирыстон"-ы рацыд уац, цы ран уыд нанайы ныв ногдзаутимæ", - мысы Изольда Ованова.

© Sputnik / Наталья АйриянИзольда Ованова
Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Изольда Ованова

Изольда катай кæны, йæ рæстæджы лæмбынæгæй кæй нæ хъуыста йæ нанайы мысинæгтæм, науæд та сæ кæй нæ фыста - сабийæ йæ уыдон тынг нæ цымыдис кодтой, нæ сын æмбæрста се стыр нысаниуæг. Ныр та рæстæджы цыдимæ бирæ цыдæртæ схафты сты хъуыдыйæ.

"Мæ нана 24-аздзыдæй баззад идæдзæй, уыд ын æнахъом сабитæ. Стæй нын уыд тынг фидар ныккæнд, йæ систæ сты метр æмæ æрдæг агуыридурæй. Стæй нæлгоймаг хæдзары кæй нæ уыд, уый дæр сын сæ къух амыдта æмæ 13 коммунары, æвæццæгæн, уый тыххæй бакодтой нæ ныккæндмæ", - бафтыдта уый.

13 коммунары музей: Уыдзæн æви нæ?

Хæдзары цæсгомон сисыл цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайад бакодта уæлфыст, агъуыст историон цыртдзæвæнты номхыгъды кæй ис, уый тыххæй.

"Ӕз сын загътон, цæттæ кæй дæн хæдзары иу къуым рахицæн кæнын 13 коммунары музей саразынæн, кæд уый мæ горæты хъæуы, уæд", - дзуры хæдзары хицау Ованова Изольда.

Коммунарты фæстаг къуымы уыд зæххыбынты цæуæн. Сусæг фæндаг ныккæнды иу кодта аргъуанимæ, уырдыгæй та ахæм зæххы бынты ныххизæн уыд Леуахимæ.

© Sputnik / Наталья АйриянИзольда Овановайы хæдзар
Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Изольда Овановайы хæдзар

Хæдзар рацыд зæххæнкъуыстытæ æмæ зынгсирвæзтты сæрты, ивгъуыд æнусы 90-æм æзтæй фæстæмæ цæрынæн нал бæззы.

"Кæд æрцыд арæзт, уый фидарæй нæ зонын, фæлæ йыл ацæугæ æнусы дæр цыд 200 азы. Мæ нана Ашхен Ованова (Шахбаронова) дзы дыууæ хатæны ауæй кодта, цæмæй скæна йæ чызджытæн чындзы дзаума", - дзуры хæдзары хицау.

© Sputnik / Наталья Айриян Изольда Овановайы хæдзар
Ашхены ныккæнд: 13 коммунары фæстаг зындон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Изольда Овановайы хæдзар

 

Сылгоймаг сæ хисæрмагонд хæдзарыл дзургæйæ хизы горæты арæзтадмæ дæр. Уый æрыййæфта Цхинвалы Массивы микрорайоны арæзтад.

"Уазæгуаты уыдтæн уым æввахс нæ хæстæджытæм. Ацы район уæд нырма райдыдтой аразын, уым ракалтой иууылдæр бæлæстæ, хафтой цæхæрæдæттæ, æвæрдтой хæдзæртты бындуртæ. Уæд мæ цæсты раз бахаудысты дыууæ сылгоймаджы, кæцытæ сæ фæстæ ластой асыкк цæлхытыл æмæ æмбырд кодтой стæгдартæ. Ацы бынаты раздæр уыд дзуттæгты уæлмæрд æмæ сæ мæрдты стæг ластой Згъудермæ", - балхынць кодта Изольда йæ мысинæгтæ.

© Sputnik / Наталья Айриян13 коммунары ныккæнд
13 коммунары ныккæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
13 коммунары ныккæнд
© Sputnik / Наталья Айриян 13 коммунары ныккæнд
13 коммунары ныккæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
13 коммунары ныккæнд
© Sputnik / Наталья Айриян13 коммунары ныккæнд
13 коммунары ныккæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
13 коммунары ныккæнд
© Sputnik / Наталья АйриянИзольдайы хæдзар
Изольдайы хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Изольдайы хæдзар
1/4
13 коммунары ныккæнд
2/4
13 коммунары ныккæнд
3/4
13 коммунары ныккæнд
4/4
Изольдайы хæдзар
Ног хабӕртты лентӕ
0