Эффективон механизм бюджет баххӕст кӕнынӕн: Бибылты Анатолий таможнӕйы куысты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Таможнӕйон органтӕн ис ахсджиаг бынат Хуссар Ирыстоны националон интересты хъахъхъӕнынады, бахахх кодта президент

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны таможнӕйон службӕ у ахсджиаг инструмент контрабандӕ, наркотикон буарадтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон терроризмы ныхмӕ тохы, афтӕ ма бӕстӕйы экономикон ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынӕн. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президенты арфӕйы таможнӕйон службӕйы кусджытӕн, кӕцытӕ абон нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

"Абон сымахӕн ис эффективон механизм Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет баххӕст кӕнынӕн ӕмӕ ӕддагон базарадӕн уаг дӕттынӕн", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, таможнӕйон органтӕ бӕрнон ӕххӕст кӕй скӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцыты нымӕцы ис хорз уавӕрты арӕзтад ӕхсӕнадӕмон экономикон ӕмгуыстады райрӕзтӕн.

Республикӕйы сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта таможнӕйон службӕйы кусджытӕн фидар ӕнӕниздзинад, цардамонд ӕмӕ ӕнтыстытӕ сӕ куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0