ЦХИНВАЛ, 7 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр уагъд цӕуы вакцинаци гриппы ныхмӕ, кӕцыйы нысаниуӕг у фӕкъаддӕр кӕнын рынчынкӕнынад, хъусын кӕны республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Профилактикон прививкӕты националон къӕлиндары фӕлгӕтты 1 ноябрмӕ гриппы ныхмӕ вакцинӕтӕ сарӕзтой 4,5 мин адӕймаджы, сӕ нымӕцы 1,8 мин сывӕллоны.
Прививкӕ гӕнӕн ис саразын Республикон бирӕпрофилон медицинон центры амбулаторон-поликлиникон центры, Сывӕллӕтты рынчындоны поликлиникон хайады ӕмӕ республикӕйы централон районон рынчындӕтты поликлиникон хайӕдты.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, гриппы вирустӕ иудадзыг кӕй мутаци кӕнынц ӕмӕ вакцинаци хъӕуы аразын ӕрвылаз.
Афтӕ ма министрады бахахх кодтой, гриппӕй уӕлдай хи хизын хъӕуы хистӕр адӕмы, сывӕллӕтты ӕмӕ адӕмы, кӕцытӕ рынчын сты алыгъуызон низтӕй, куыд астма, диабет ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Рынчынкӕнынад ӕмӕ вакцинацийы кампанийы уавӕр ис министрады цӕстдарды бын, бафтыдтой пресс-службӕйы.