Гуырдзыстоны æмбæстаджы æрцахстой Хуссар Иры

© Архивное фотоФыдгæнæг
Фыдгæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнхалæгæн тæрхондон аскъуыддзаг кодта административон бæрнмæ æркæнын æмæ республикæйæ феддæдуар кæнын

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонæй феддæдуар кодтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы, кæцы фехæлдта республикæйы паддзахадон арæн, фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады пресс-службæйы кусæг Биазырты Екатерина.

ПӔК хыгъдлӕвӕрд радта Хуссар Иры арӕн фехалджыты тыххӕй ӕрдӕг азмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК радзырдта ӕрдӕг азмӕ Хуссар Иры арӕн фехалджыты тыххӕй

Фæткхалæджы æрцахстой 6 ноябры Гуырдзыстонимæ арæны фадыгыл Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы цур.

"Гуырдзыстоны æмбæстаг Бутхузи Захар Гогитайы фырты, 1991 азы гуырд, Гуры районы Куешийы хъæуы цæрæджы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой арæны режим фехалыны тыххæй", - загъта Биазырты Екатерина.

Цхинвалы районон тæрхондон 8 ноябры арæнхалæгæн аскъуыддзаг кодта административон бæрнмæ æркæнын ивары хуызы æмæ республикæйæ феддæдуар кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0