Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы генералон прокуратурӕтӕ сарӕзтой иудадзыг кусӕгон къорд

© Пресс-служба Генпрокуратуры РЮО Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы генералон прокуратурӕтӕ сарӕзтой иудадзыг кусӕгон къорд
 Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы генералон прокуратурӕтӕ сарӕзтой иудадзыг кусӕгон къорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документ бафыстой Луганскы ӕхсӕнпаддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнуагдонон бадзырдты реализацийы нысаниуӕгӕн

ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы делегаци бабӕрӕг кодта ивгъуыд къуыри Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) хӕларадон республикӕйы генералон прокуратурӕйы ӕрхуындӕй, кӕцы нысан кодта уагдоны сӕвзӕрдыл фондз азы сӕххӕст. Балцы фӕлгӕтты уагдӕтты разамонджытӕ Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ Сергей Горенко бафыстой барамынд иумӕйаг иудадзыг кусӕгон къорды арӕзтады фӕдыл, фехъусын кодтой Sputnik РХИ генералон прокуратурӕйы пресс-службӕйы.

"Документ бафыстон Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы хсӕн хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, афтӕ ма дыууӕ республикӕйы генералон прокуратурӕты хсӕн барадон ӕххуыс ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийы нысаниуӕгӕн", - банысан кодтой уагдоны.
© Пресс-служба Генпрокуратуры РЮО Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ Сергей Горенко бафыстой барамынд иумӕйаг иудадзыг кусӕгон къорды арӕзтады фӕдыл
 Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы генералон прокуратурӕтӕ сарӕзтой иудадзыг кусӕгон къорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ Сергей Горенко бафыстой барамынд иумӕйаг иудадзыг кусӕгон къорды арӕзтады фӕдыл

Афтӕ ма Дзӕгъиаты Уырызмӕг ралӕууыд бӕрӕгбонон мадзалы, кӕцы уыд нывонд ЛАР прокурӕтурӕйы органты сӕвзӕрдыл фондз азы сӕххӕстӕн. Уымӕй дарддӕр Хуссар Ирыстоны делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ ЛАР хъахъхъӕнджыты цыртдзӕвӕнмӕ.

© Пресс-служба Генпрокуратуры РЮОХуссар Ирыстоны делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ ЛАР хъахъхъӕнджыты цыртдзӕвӕнмӕ
 Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы генералон прокуратурӕтӕ сарӕзтой иудадзыг кусӕгон къорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ ЛАР хъахъхъӕнджыты цыртдзӕвӕнмӕ

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

2017 азы майы РХИ ӕмӕ ДАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд, документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой республикӕйы лидертӕ - Бибылты Анатолий ӕмӕ Александр Захарченко. 2018 азы декабры Цхинвалы бафыстой аналогион бадзырд Луганскы Адӕмон Республикӕимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0