ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Сириаг арабаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Башар Асад банымадта йӕ бӕстӕйы конфликт - "ӕртыккаг дунейон хӕстыл миниатюрӕйы".
"Хӕст Сирийы у Ӕртыккаг дунейон хӕсты миниатюрон хуызӕг. Фактортӕ сты алыгъуызон. Мӕн нӕ уырны, хӕст кӕй райдыдта ӕрмӕстдӕр нефты тыххӕй", - загъта Сирийы президент йӕ интервьюйы RT телеканалӕн.
Афтӕ ма Башар Асад банысан кодта, Дамаск кӕй нӕ нывӕнды ӕмгуыстад кӕнын Европӕйы бӕстӕтимӕ ӕдасдзинад ӕмӕ террористтимӕ тохы фадыджы.
"Ныртӕккӕ мах ӕмгуыстадмӕ нырма цӕттӕ не стӕм. Мах фехъусын кодтам, кӕй не ххуыс кӕндзыстӕм бӕстӕтӕн ӕдасдзинады фадыджы, кӕцытӕ архайынц Сирийы ныхмӕ", - загъта Асад.
Уымӕй дарддӕр Сирийы президент загъта йӕ хъуыды Великобританийы хицауад ӕмӕ АИШ раздӕры президент Барак Обамайы администрацийы ӕххуысы тыххӕй "Аль-Каида" и ИГ-ӕн (террористон къордтӕ, кӕцытӕ тобӕгонд сты Уӕрӕсейы Федерацийы). Асад фехъусын кодта, америкайаг официалон гоймӕгтӕ фыццаг кӕй райдыдтой дзурын Вашингтоны ӕххуысы тыххӕй "Аль-Каида"-йӕн.
"Сӕ нысаниуӕг уыд пайда кӕнын ацы къордӕй Советон Цӕдисимӕ тохы. Уый тыххӕй уыдон дзырдтой", - банысан кодта Асад.
Сирийы 2011 азӕй фӕстӕмӕ цӕуы гарзджын конфликт, кӕцы ӕрбиноныг кӕнынмӕ ӕрбаиу сты Уӕрӕсе, Иран ӕмӕ Турк.