Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлдзӕн Германийы политиктӕ ӕмӕ бизнесментимӕ

© Пресс-служба МИД РЮОМедойты Дмитрий Берлины
Медойты Дмитрий Берлины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр дӕс боны дӕргъы бабӕрӕг кӕндзӕн Европӕйы кӕцыдӕр бӕстӕтӕ. Германийы уагдоны разамонӕг хайад райста мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Берлинаг къулы фехӕлдыл 30 азы сӕххӕсты цытӕн

ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕрцыд Берлинмӕ горӕты регионалон парламенты депутат Гуннар Линдерманны ӕрхуындӕй, хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры музыканттӕ базонгӕ кӕндзысты италиаг горӕты цӕрджыты ирон классикӕимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры музыканттӕ базонгӕ кӕндзысты италиаг горӕты цӕрджыты ирон классикӕимӕ

Берлины Медойты Дмитрий хайад райста мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Берлинаг къулы фехӕлдыл 30 азы сӕххӕсты цытӕн. Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фылдӕр хай уагъд цыд Бернауэр-штрассе уынгыл, цы ран ныры онг ис къулы фрагмент.

Афтӕ ма Германимӕ балцы рӕстӕджы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр фембӕлдзӕн Берлины политикон ӕмӕ кусӕгон зылдты минӕвӕрттимӕ.

Уымӕй дарддӕр, ФХМ сӕргълӕууӕджы балцы фӕлгӕтты Европӕйы кӕцыдӕр бӕстӕтӕм, 9-ӕй 19-ӕм ноябрмӕ нывӕндынц ауадзын мадзӕлттӕ, цы ран хайад райсдзысты ирон диаспорӕтӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕлтты клубты минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0