Ираны сӕвӕрдзысты Хетӕгкаты Къостайы цырт

© Sputnik / Наталья АйриянИраны сӕвӕрдзысты Хетӕгкаты Къостайы цырт
Ираны сӕвӕрдзысты Хетӕгкаты Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон классикы цырт фӕзындзӕн Ираны уӕрӕсейаг-ирайнаг бадзырдты фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Ираны нывӕндынц бакӕнын ирон классик ӕмӕ драматург Хетӕгкаты Къостайы бюст уӕрӕсейаг-ирайнаг бадзырдты фӕлгӕтты, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы президенты цур Джанайты Борис.

Хетӕгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Зӕлинӕ: Нӕ рӕзгӕ фӕлтӕр Къостайы ном хъуамӕ макуы рох кӕна

Дзӕуджыхъӕуы администраци куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, Джанайты Борис ралӕууыд ацы куырдиатимӕ зындгонд персиаг поэт, эпикон поэмӕ "Шахнаме"-йы автор Фирдоусийы цырты баконды церемонийы рӕстӕджы. Цырт сӕвӕрдтой Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты территорийыл  Зонадон библиотекӕ ӕмӕ историкон факультеты раз, цы ран ис ирайнаг культурӕ ӕмӕ фарси ӕвзаджы центр.

"Махӕн ацы мадзал у тынг ахсджиаг. Афтӕ ма уӕрӕсейаг-ирайнаг бадзырдты фӕлгӕтты нывӕндӕм бакӕнын ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы бюст Ираны территорийыл. Уырны мӕ, ацы хӕларадон ахастытӕ кӕй сфидар уыдзысты", - радзырдта Джанайты Борис.

Афтӕ ма уый банысан кодта, Иран ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хсӕн ӕмгуыстад кӕй фидар кӕндзӕн ӕрмӕст зонад ӕмӕ культурӕйы фадыджы нӕ, фӕлӕ ма бизнес ӕмӕ туризмы къабазы дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0