Ирон богалтӕ рамбылдтой аст хорзӕхы Уӕрӕсейы Кубокы панкратионӕй

© Министерство Спорта РСО-АланияИрон богалтӕ рамбылдтой аст хорзӕхы Уӕрӕсейы Кубокы панкратионӕй
Ирон богалтӕ рамбылдтой аст хорзӕхы Уӕрӕсейы Кубокы панкратионӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ цӕгатирыстойнаг клуб "Восток"-ы хъомылгӕнинӕгты хайадистӕй ацыдысты 8-10 ноябры Саратовы

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Ирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой аст майданы Уӕрӕсейы Кубокы панкратионӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Дзæгъиаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног уæлахиз: цхинвайлаг богал Дзæгъиаты Сослан рамбылдта турнир Дыгуры

Ерыстӕ цӕгатирыстойнаг клуб "Восток"-ы хъомылгӕнинӕгты хайадистӕй ацыдысты 8-10 ноябры Саратовы.

"Кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ схызтысты Дзебысты Аслан, Тыбылты Зарат, Александр Васильев ӕмӕ Текъиты Зауыр. Ӕвзист майдан рамбылдта Таматы Азӕмӕт. Ӕрчъеккаты Вячеслав, Гасситы Арсен ӕмӕ Уруймагты Сослан та ссисты турниры бронзӕйон призертӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, спортсменты ерыстӕм кӕй бацӕттӕ кодта Тыбылты Батрадз.

Ног хабӕртты лентӕ
0