Дыууæ трагеди æмæ цыппар комеди: Хуссар Иры театр ацæудзæн гастрольты Цæгат Ирмæ

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатима"
Спектакль Фатима  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сфæлдыстадон къорд уазæгуаты равдисдзæн дыууæ трагеди, цыппар комеди æмæ дыууæ аргъау

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр ацæудзæн гастрольты Цæгат Ирыстонмæ. Сфæлдыстадон къорд уазæгуаты рависдзæн дыууæ трагеди, цыппар комеди æмæ дыууæ аргъауы, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Хуссар Иры театр райста æхсæнадæмон театры сæрмагонд приз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театр райста æхсæнадæмон фестивалы сæрмагонд приз

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Иры паддзахадон драмон театр уыдзæн Дзæуджыхъæуы мæйы кæрон, труппæ афæндараст уыдзæн 25 ноябры, балц ахæсдзæн фыццæгæм декабрьмæ.

"Мах хæссæм аст спектаклы. Гастрольтæ бакæндзыстæм Хетæгкаты Къостайы уацмысмæ гæсгæ спектакль "Фатимæ"-йæ, кæройнаг равдыстæн ныууагътам нæ репертуары классикон спектакль – трагеди "Ӕфхæрдты Хæсанæ". Гастролон репертуары ма ис цыппар комедийы – "Цыппæрæмæй цыппæрæммæ", "Бирæгътæ", "Ды мæ куы уарзай" æмæ "Нæлгоймаг, сылоймаг, рудзынг, мард", - загътой пресс-службæйы.

Цæгатирыстойнаг сабитæн та драмон театр равдисдзæн дыууæ аргъауы.

Ног хабӕртты лентӕ
0