ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг компани "Сӕндуцӕн Иронсӕн" райдайдзæн йæ коньякы продукцийы фæлварæн партийы экспорт Уæрæсемæ, фехъусын кодта Sputnik компанийы генералон директор Алекей Цопанов.
"Ацы мæй сцæттæ уыдзæн фыццаг фæлварæн парти æмæ йæ арвитдзыстæм Уæрæсемæ. Нырма уал срæвдз кодтам фыццаг хуыз – сери "Аланский резерв"-ы рауагъдад. Коньяк балхæнæн уыдзæн бынæттон базары дæр", - загъта Алекей Цопанов.
Уый ма банысан кодта, коньяк арæзт цæуы классикон технологимæ гæсгæ.
"Хомæг у сæн, стæй ма йæ гъæдыл бандавы тулдзы ад. Коньяк уыдзæн æртæ æмæ фондзазон", - бафтыдта уый.
Компанийы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, фæстæдæр сæм фæзындзæн ног лини "Цард" дæр.
Хуссарирыстойнаг компани "Сӕндуцӕн Иронсӕн" нырмæ уагъта цалдæр хуызы сæн. Азы фыццаг хай йæ сæны продукцийы 300 мин авг "Аланский резерв", "Цард", "Арвы дуар" æмæ "Бурсамдзел" ацыд Уæрæсемæ. Сæнуадзæн заводæн бындур æвæрд æрцыд 2017 азы. Амалиуæгады кусы 30 адæймаджы бæрц. Ацы аз завод райста сæнæфсир цæрджытæй дæр.