Ӕвзонг натуралистты республикон станц сарӕзтой 1957. Зонад-Иртасӕн институты кусӕг Мӕргъиты Ирбег радзырдта станцы сӕвзӕрд, куыст ӕмӕ проблемӕты тыххӕй.
Мæргъиты Ирбег: Рӕзгӕ фӕлтӕры зонгӕ кӕнӕм цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты дунеимӕ
"Натуралисты куысты нысаниуӕг у хъус дарын ӕрдзы хицӕн фӕзындтӕм ӕмӕ аразын алгъуызон фӕлварӕнтӕ. Мах зонгӕ кӕнӕм рӕзгӕ фӕлтӕры цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты дунеимӕ. Нӕ станцы ис 17 ахуырадон программӕйы, сӕ нымӕцы ӕвзонг эколог, ӕвзонг турист ӕмӕ ӕндӕртӕ", - банысан кодта Мӕргъиты Ирбег.