Дипломати нæ быхсы хъомпал: Медойты Дмитрий Сирийы РХИ минæварад бакæныны тыххæй

© Пресс-служба президента РЮО Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысатӕ
 Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы хсæн дипломанон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй бадзырд бафыстæуыд 2018 азы июлы

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий радзырдта йæ интервьюйы РИА Новости республикæйы минæварад Сирийы бакæныны æмгъуыдты тыххæй.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕввахс фидӕны фарст: Медойты Дмитрий Хуссар Иры минӕварады баконды тыххӕй Германийы

"Ацы фарстыл цæуы куыст, лыстæг хæйттæ аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы рæстæг. Ацы фарсты тыхæй мах стæм иудадзыг бастдзинады сирийаг фарсимæ, уæлдайдæр та сæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Сирийы байгом уыдзæн Хуссар Ирыстоны минæварад, уый тыххæй комкоммæ дзырд цæуы нæ хæдбардзинад бынамайыны фæдыл иумæйаг Коммюникейы. Дипломати нæ быхсы хъомпал, алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг", - бахахх кодта министр.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды. Ацы аз майы та бӕстӕты хсӕн бафыстӕуыд бадзырд дыууӕ республикӕйы территоритыл базарадон хӕдзӕртты баконды фӕдыл.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0