Уадзӕн пункттӕ ӕмӕ уавӕр арӕныл: цы тыхсын кӕны Женеваг дискусситы минӕвӕртты

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон арӕн
Паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмӕ дыццӕджы ӕрцыдысты Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы минӕвӕрттӕ. Цхинвалы ӕхсӕнадӕмон организациты минӕвӕрттӕ ауадздзысты цалдӕр фембӕлды ӕмӕ бабӕрӕг кӕндзысты бирӕпрофилон медицинон центр

ЦХИНВАЛ, 19 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы хӕслӕвӕрдттӕ ссисты популярондӕр фӕстаг цауты тыххӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕныл, загъта республикӕйы президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Цхинвалмӕ дыццӕджы ӕрцыдысты дискусситы минӕвӕрттӕ – ИНО, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисӕй. Уыдон нывӕндынц ӕрныхас кӕнын Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттимӕ Женевайы 50-ӕм фембӕлды боны фӕтк, афтӕ ма уавӕр арӕныл, кӕцы сӕндыгъд ис сӕрды кӕрӕтты гуырдзиаг полицийы ӕнӕзаконон блокпосты тыххӕй.

"Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕнынц Женеваг дискусситӕн. Форматы сӕйраг хӕслӕвӕрд -  бафыссын документ тыхӕй ма пайда кӕнын фӕдыл – ссис актуалондӕр фӕстаг цауты тыххӕй. Мах алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй ӕндыгъд уавӕр мауал уа арӕныл", - загъта Джиоты Мурӕт минӕвӕрттимӕ фембӕлдыл.

Евроцӕдисы минӕвар Тойво Клаар загъта бузныг йӕ коллегӕтӕн Хуссар Ирыстонӕй, Цхинвал сыл кӕй сӕмбӕлд хорз боныгъӕдӕй, уый тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, кӕй сӕ хъӕуы ӕрныхас кӕнын бирӕ фарстытыл.

Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацӕудзӕн фембӕлд женеваг дискусситы минӕвӕрттимӕ

Клаар бахахх кодта, сӕ фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ регионы ӕрцыд ӕнӕбӕллиццаг цаутӕ. Цӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон нывӕндынц ӕрныхас кӕнын республикӕйы уадзӕн пунктты сӕхгӕныны тыххӕй дӕр. Уый у ахсдиаг проблемӕ, кӕцы хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын.

"Абон мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм пайдаджын ныхасмӕ", - бафтыдта уый.

ИНО минӕвар Джихан Султаноглу дӕр йӕ цӕст ӕрдардта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕны уадзӕн пунктты сӕхгӕдмӕ ӕмӕ банысан кодта, дискусситы минӕвӕрттӕ тынг кӕй цыхсынц ууыл.

"Ацы аз Абхазы дӕр уадзӕн пункттӕ фылдӕр рӕстӕг уыдысты ӕхгӕд", загъта уый.

ОБСЕ минӕвар Рудольф Михалка фехъусын кодта, ӕхсызгон ын кӕй хъусын Женеваг дискусситы ахсджиагдзинады тыххӕй, кӕцытӕн ис стыр нысаниуӕг.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсе фехъусын кодта йӕ позици Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ӕндыгъд уавӕры тыххӕй

Михалка саргъ кодта хуссарирыстойнаг фарсы тырнындзинадӕн аскъуыддзаг кӕнын проблемӕтӕ ИӔАМ техникон фембӕлдты рӕстӕджы.

Уый фӕстӕ фембӕлд адарддӕр ис ӕнӕ ДИФ-ты минӕвӕртты хайадистӕй.

Фӕстӕдӕр дискусситы минӕвӕрттӕ фембӕлдзысты президент Бибылты Анатолиимӕ. Абон та уыдон бабӕрӕг кӕндзысты республикон бирӕпрофилон медицинон центр Цхинвалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0