Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта Хуссар Иры артиллеристты

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæХъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта Хуссар Иры артиллеристты
Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта Хуссар Иры артиллеристты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Артиллеристон дӕлхайӕдты ветерантӕ ӕмӕ ӕфсӕддонты схорзӕхджын кодтой Ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллерийы боны цытӕн, кӕцы нысан кӕнынц 19 ноябры

ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik. Националон Гарзджын тыхты артиллерион дӕлхайӕдты ветеранты ӕмӕ ныры ӕфсӕддонты хъахъхъӕнынады министры барамындӕй схорзӕхджын кодтой паддзахадон ӕмӕ уагдонон майдантӕй, афтӕ ма кады грамотӕтӕй.

Хуссар Иры басгӕрстой ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Контролон ӕхст: Хуссар Иры басгӕрстой ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад

Бӕрӕгбонон церемони ацыд Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады Ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллерийы боны цытӕн, кӕцы ӕрвылаз нысан кӕнынц 19 ноябры, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Сымах бирӕ сарӕзтат. Артиллерион дӕлхайад уыд Хъахъхъӕнынады министрады фыццаг хайӕдтӕй иу. Стыр бузныг хайбавӕрды тыххӕй, кӕцы сымах бахастат Гарзджын тыхты арӕзтадмӕ. Фыццаг сымах райдыдтат ахуыр кӕнын ӕфсӕддонты, арӕзтат националон Гарзджын тыхтӕ ӕмӕ фӕстиуӕг уыд егъау", - загъта мадзалы рӕстӕджы Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим.

Министр схорзӕхджын кодта ветерантӕ ӕмӕ ӕфсӕддонты сгуыхтдзинӕдты тыххӕй республикӕйы хъахъхъӕнынадон фадӕттӕ сфидар кӕныны ӕмӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ цӕсгомджын ӕххӕст кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0