Хуссар Иры цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц "дæргъвæтин улæфт бонтæ"

© Sputnik / Наталья АйриянИрыстоны тырыса
Ирыстоны тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæрдылдарæн датæ 23 ноябрь у улæфт бон æмæ ацы аз æрхаудта сабатмæ. Фæллойадон закондæттынадмæ гæсгæ, улæфт бон хаст æрцыд сабатæй къуырисæрмæ

ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъайтардзинад æмæ адæмон иудзинады боны цытæн, кæцы нысан цæудзæн къуырийы кæрон, уыдзæн "дæргъвæтин улæфтытæ" - республикæйы цæрджытæ куыстæй сæрибар уыдзысты сабат, хуыцаубон æмæ къуырисæры (23, 24, 25 ноябры). 

"Ацы аз Хъайтардзинад æмæ адæмон иудзинады бон æрхаудта сабатмæ. Фæллойадон закондæттынадмæ гæсгæ, улæфт бон хаст æрцыд сабатæй къуырисæрмæ. Уый адыл республикæйы баулæфдзысты æртæ боны фæд-фæдыл", - фехъусын кодта Sputnik хицауады аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег.

Хъайтардзинад æмæ адæмон иудзинады бон республикӕйы нысан цӕуы ӕрвылаз дӕр 23 ноябры. 1989 азы 23 ноябры Цхинвалмӕ ӕрбаввахс бирӕминон колоннӕ гуырдзиаг националисттимӕ, кӕцыты ӕрлӕууын кодта ӕрыгон нӕлгоймӕгты къорд. Фӕстӕдӕр Цхинвалмӕ бацӕуӕны ӕрӕмбырд сты горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0