Европӕйы сараздзысты ирон ӕхсӕнады ассоциаци "Алани - Европӕ"

© МИД РЮОЕвропӕйы сараздзысты ирон ӕхсӕнады ассоциаци "Алани - Европӕ"
Европӕйы сараздзысты ирон ӕхсӕнады ассоциаци Алани - Европӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бельгийы фӕсивӕд бахаста хъӕппӕрис европӕйаг бӕстӕты ирон адӕмы минӕвӕртты ӕрбаиу кӕныны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Бельгийы ӕрдзырдтой Еропӕйы ирон фӕсивӕды Ассоциаци саразыныл, кӕцыйы центр уыдзӕн Бюсселы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрийы фембӕлды рӕстӕджы бӕстӕйы фӕсивӕды минӕвӕрттимӕ, хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци Итали – Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци "Итали – Хуссар Ирыстон"

Республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр бабӕрӕг кодта Бельги Европӕйы бӕстӕтӕм балцы фӕлгӕтты. Брюсселы Медойты Дмитрий фембӕлд уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты барадон хъахъхъӕнынад, интеграци ӕмӕ информацийы фӕдыл Центры разамонӕг Сергей Петросовимӕ.

Фембӕлды хайадисджытӕ банысан кодтой, Европӕйы фӕсивӕды ассоциаци хуындзӕн "Алани - Европӕ".

"Мадзалы хайадисджытӕ цӕттӕ сты ӕрбаиу кӕнын ӕрмӕст Бельги нӕ, фӕлӕ Германи, Франци, Голланди ӕмӕ ӕндӕр европӕйаг бӕстӕты ирон фӕсивӕды. Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ банысан кодтой, ирӕттӕ, кӕцытӕ сты фӕсарӕнты, хъуамӕ иппӕрд ма уой сӕ Фыдыбӕстӕйӕ", - дзырдӕуы ФХМ хъусинаджы.

Медойты Дмитрий хорзыл банымадта ассоциаци саразыны хъӕппӕрис. Афтӕ ма Медойты Дмитрий базонгӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн Пухаты Радионы – уый у Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Бенилюксы бӕстӕты: Бельги, Голланди ӕмӕ Люксембургы.

Ног хабӕртты лентӕ
0