Ӕвзонг зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй хайад райсдзӕн фестиваль-конкурсы "Истоки"

© iristonЗассеты Максим
Зассеты Максим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыккаг аз фестивалы хайад исы курдиатджын фӕсивӕд Хуссар Ирыстон ӕмӕ РЦИ-Аланийӕ

ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Ӕвзонг зарӕггӕнӕг Цхинвалӕй Зассеты Максим хайад райсдзӕн уырыссаг культурӕйы IХ Ӕхсӕнадӕмон фестиваль-конкурсы "Истоки", кӕцы уагъд цӕудзӕн Мӕскуыйы 24-29 ноябры. Афтӕ ма фестивалы хайад райсдзӕн цӕгатирыстойнаг зарӕггӕнӕг Къӕбысты Дана.

Ӕвзонг музыканттӕ Ирыстонӕй рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг музыканттӕ Ирыстонӕй рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс

Фестивалы хайад исынц уӕрӕсейӕгтӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц фӕсарӕнты. Конкурсы тыххӕй Sputnik радзырдта РХИ адӕмон артисткӕ, РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткӕ, националон ахастыты фӕдыл РЦИ-Аланийы министры уынаффӕгӕнӕг Амага Готти, кӕцы ис конкурсы жюрийы сконды.

"Фестивалы нысаниуӕг у адӕмон дипломатийы практикӕйы райрӕзт, афтӕ ма сфидар кӕнын ӕхсӕнадӕмон бастдзинӕдтӕ. Ӕртыккаг аз фестивалы хайад исы курдиатджын фӕсивӕд Хуссар Ирыстон ӕмӕ РЦИ-Аланийӕ. Ацы аз Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъӕндзӕн Зассеты Максим – ӕз ӕй ӕнӕнхъӕлӕджы ссардтон Фейсбукы фарсытыл. Уый у ирыстойнаг Робертино Лоретти", - загъта Амага Готти.

Уый ма бафтыдта, ныртӕккӕ Максимы кӕй цӕттӕ кӕнынц фестивальмӕ. Амага Готти фехъусын кодта, раздӕр райгонд кӕй уыд ирон хайадисджыты призон бынӕттӕй, фӕлӕ ацы аз ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыццаг бынатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0